Джастин Маккензи-Смит - Райгонд стæм, Гиорги Гахариа хайад кæй  райсдзæн «Вакцинацийы глобалон саммиты», кæцыйæн фысым кæны Борис Джонсон
Джастин Маккензи-Смит - Райгонд стæм, Гиорги Гахариа хайад кæй райсдзæн «Вакцинацийы глобалон саммиты», кæцыйæн фысым кæны Борис Джонсон

Гуырдзыстоны   Стыр Британийы минæвар  Джастин Маккензи-Смит,  «Вакцинацийы фæдыл глобалон самиты» Гиорги Гахариа хайад кæй райсдзæн уый фæдыл фыссы  «Твиттеры».

Дипломат куыд  дзуры  уымæ гæсгæ,    инфекцион  низты арахаты ныхмæ тохы æмæ æнæниз, æдас дунейы  арæзтады  хъуыддаджы, Гуырдзыстон   активон партнер у.

«Райгонд стæм, æндæр лидертимæ иумæ  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа дæр кæй  райсдзæн хайад Вакцинацийы глобалон саммиты, кæцыйæн фысым кæны  премьер Борис Джонсон.  Инфекцион  низты апарахаты ныхмæ тохы  æмæ   æнæниз, æдас  дуне арæзтады   хъуыддаджы, Гуырдызстон активон партнер у» –  фыссы Джастин Маккензи-Смит, «Твиттеры»  фарсыл.

Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны  пермеьр-министры  пресс-куыст.