Дыууæ сыгъзæрин æмæ иу бронзæ Форт-Вейны гранприйæ| Парадзюдо
Дыууæ сыгъзæрин æмæ иу бронзæ Форт-Вейны гранприйæ| Парадзюдо

Гуырдзыстоны парадзюдойы  æмбырдгонд  АИШ-ы Форт Вейны (Индианаполис) гранприйы  ерысæй  æртæ  майдан æрласдзæн.

Звиад Гогочъури-  100 кг. Категорийæ сыгъзæрин майдан  рамбылдта. Гуырдзиаг  спортсмен   финалы  бритайнаг   Скел Кристоферы  абырста æмæ ноджы иу  хатт æрхаста  бæстæйæн уæлахиздзинад.

Сыгъзæрин майдан рамбылдта  Реваз Чикъоидзе  дæр, кæцы  +100  кг категорийæ  ерыс кодта æмæ  дыууæхаттон чемпион  корейаг  æндæогъы – Чьо Гванг Гьюны абырста.

Парадзюдоист  Гиорги Гамджашвили 66 кг  категорийæ бронзæ майдан рамбылдта.

АИШ-ы  цæугæ  гранпри  2020 азы   Токиойы параолимпион хъæзтыты  æзсæнадæмон квалификацион  турнир  у, кæцы  Гуырдзыстоны парадзюдойы  æмбырдгондæн  æнтыстджын рауад.

Æмбырдгонд Гуырдзыстонмæ 6 июлы æрыздæхдзæн.