Дунеон Банк рауæлдай кæндзæн 85 милуан евро Гуырдзыстоны кусæнуаттæ саразынæн æмæ пандемийæ зианбавзарæг компанитæн æххуысы нысанæн
Дунеон Банк рауæлдай кæндзæн 85 милуан евро Гуырдзыстоны кусæнуаттæ саразынæн æмæ пандемийæ зианбавзарæг компанитæн æххуысы нысанæн

Микро, лыстæг æмæ  астæуккаг  кондадтæ, кæцытыл уæлæндæвд скодта  «COVID-19»-ы пандеми, фендзысты  пайда 85 млн евройы  бæрц  финансон æххуысæй,  кæцыйы Дунеон Банкы æххæстгæнæг   директорты  совет абон сфидар кодта.  Информацийы  хъусын кæны  Гуырдзыстоны Дунеон Банкы  минæварад.

Дунеон Банкы  хъусын кæннц, ома микро, лыстæг æмæ  астæуккаг  кондадтæн (MSMEs) æххуысы ног проекты нысан у  кондадтæн къухацаразын  æмæ   куыстбынæтты  сæвзæрын кæнын  фæнысангонд фирмæтæн æххуысы программæтæ ауæрæхдæр кæнынæй  æмæ  стынг кæнынæй, афтæма Гуырдзыстоны  экономикæйы дигитализаци баахъаз кæнынæй.

«Æххуысы  ацы  ног пакеты  фæрцы, Дунеон Банк  къух аразы  куыстбынæттæ саразынæн  æмæ   кондадты  райтынгæн, кæцы бæстæйы  экономикæйы бындур  æмæ  сæйраг  элемент у  æнæфæцудгæ сæндидзын кæныны æрдгæй. Фæнысангонд  йæ хъуыдыйы  дары  фирмæтæн æххуыс   финансдзинад рæувадат скæныны  æмæ финансон  инфраструктурæйы инвестицитæ сæххæсты,  кæцы ахъаззаг уыдзæн  технологиты  æрфидарæн æмæ  цифрон   финансон  сервистæй пайдакæнынадæн», –   райхъусын кодта  Хуссар Кавказы  Дунеон Банкы  регионон   директор Себастьян  Молинеус.

Проект бæстæйы масштабæй  баххуыс уыдзæн  6 000  микро, лыстæг æмæ  астæуккаг  кондадтæн æмæ  бизнес фервæзын кæныны  шансытæ райрæзын кæндзæн, афтæма  сбæрзонддæр кæндзæн  продуктивон  активон активтæ  бахъахъхъæныны фадæттæ  æмæ фирмæтæн  баххуыс уыдзæн экономикæйы æмæ æнæнизхъахъъхæды æрдгæй  уæвæг    ног  быцæусидтытæм адаптацийы.