Дунейы сеппæтæй стыр хæдтæхæг йæ фыццаг тахт сæххæст кодта [фото, фидео]

Дунейы  сеппæтæй  стыр    хæдтæхæг йæ фыццаг тахт сæххæст кодта. Компани  «Стратоланч  Системс Модул 351»-ы  арызт  хæдтæхæг,   фыццаг тахт сыххæст кодта Калифорнийы    æдзæрг ран  Мохавейы сæрты.

Хæдтæхæгæн ис 6 ызмæлынгæнæг æмæ 2 фюзеляж.

Компани  «Майкрософты»  æмбурæвæрæг  Пол Аленмæ  йæ   саразыны  идея нырма  2011 азы фæзынд. Хæдтæхæг  космосон орбитæмæ  хъуамæ   ахæццæ  кæна æмфæндагонтæ.  ХЪуыдымæ  гæсгæ, ракетæ  дыууæ фюзеляжы  æхсæн уæвæг   фæзыгыл  хъуамæ  сфидар уа.

Гигантон   хæдтæхæгы  базырты  дæргъ у  117  метры, йæ бæрзæнд та  15 метры.   Хæдтæхæгы уæз  у  226 тоннæ.

Хæдтæхæджы  фыццаг тахт дыууæ æмæ æрдæг  сахат аххæссыд, кæцы рæстæджы длæр уый  304 километр-сахат  тагъдадæй ахызт, стахтис  5  километры бæрзæндмæ æмæ  маневрты серий сæххæст кодта.