«Дунейы Регби»  Гуырдзыстонæй   хатыр куры
«Дунейы Регби» Гуырдзыстонæй хатыр куры

«Дунейы Регби»  хатыр куры   Гуырдзыстон-Уругвайы   матчы  цыды рæстæджы  стадионыл уырыссаг   зарджыты  айзæлын кæныны  тыххæй.

Бакой  уын кæндзыстæм,  цæмæй  29  сентябры, Гуырдзыстоны æрдгæй  уругвайæгтæн   лелоты  бахæссыны  рæстæджы, стадионыл  Валерий Меладзейы   зарæджы   фрагмент айзæлын кодта.   Уый тыххæй,  матчы  фæуды  фæстæ,  пресс-конференцийыл  гуырдзиаг регбист  Джаба Брегвадзе, организатортæй ракуырдта, цæмæй   афтæ мауал фæрæдийой зæгъгæ.  Уымæн  йæ фарс рахæцыд  æмбырдгонды  сæйраг тренер  Милтон Хейг.

«Уыдон уырыссаг  зарæг цагъдтой матчы фæстæ, гуырдзиаг зарыд, фæлæ  уый   уырыссаг зарæг  уыд. Фæнды  зæгъын уын, цæмæй  Гуырдзыстон нæу Уæрæсе. Махмæ ис  æндæр æвзаг æмæ культурæ,  табуафси  уый  уæ зæрдыл дарут»,- райхъусын  кодта Хейг.

«Дунейы Регбийы»  пресс-нымæрдар райхъусын кодта, цæмæй  организаци  фæсмон кæны  æрцæугæйы  тыххæй.

«Зæрдиагæй  хатыр курæм  нæ гуырдзиаг хæлæрттæй, ацы  цауы  тыххæй. Мах ацы  хабары  фæтæрхон кодтам  организатортимæ,  цæмæй   макуы уал сфæлхатт уа», -хъусын кæны  пресс-нымæрдар.

Бакой  уын кæндзыстæм, цæмæй   Гуырдзыстон  иннæ  матчы,  сахар Осакайы   сараздзæн  æмæ ацы  хатт, нæ ныхмæлæууæг уыдзæн Фиджийы  æмбырдгонд.  Матч   3  октябры   09%15  сахатыл райдайдзæн, æмæ йæ  комкоммæ  репортаж равдисдзæн Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал.