Дунейы Банкъы  проекты фæлгæтты, æнæнизхъахъхъæды министрад 30 000 цырд тест балхæдта
Дунейы Банкъы проекты фæлгæтты, æнæнизхъахъхъæды министрад 30 000 цырд тест балхæдта

Дунейон Банкъы  коронавирусыл æнæаргъæвгæ   реагир кæнын  проекты фæлгæтты,  æнæнизхъахъхъæды министрад   балхæдта  цырд тесттæ. Уагдоны куыд хъусын кæнынц,  уымæ гæсгæ,   антибуæртты  30 000   тесты æрбадæтдзæн Китайы хицауадæй  лицензиргонд  компани, кæцы  фæны сангонд   тесттæй Европæйы  бæстæты æмæ АИШ-ы дæр ифтонг кæны.

«Фæнысангонд цырд тесттæ  лицензиргонд сты  Китайы  хицауадæй,  нæ продукт бирæ  иртасæн рацыд  æмæ  экспортмæ  барлæвæрд  райста.  Тесттæн  тынг   бæрзонд дырысдзинад ис.  Ласæм сæ  куыд  АИШ-æм  афтæ   Европæйы æндæр æмæ  æндæр бæстæтæм,  сæ нымацы Германимæ æмæ Австримæ. Австрий дзы  нырид 200 000  тест балхæдта,  Германийта  уымæй  фылдæр. АИШ-æм дæр 200 000  тест арвыстам, фæлæ  тынг  бæрзонд æркуырд сын ис  æмæ уæлæмхасæй  ноджы  500 000   тесты заказ нын раттой», – банысан кодта  компанийы  минæвар Вакли биджар.

Тесттæ  «Экспо Джорджиайы»  уæвæг æнæнизхъахъхъæды  министрады  рæстæгмæ  æвæрæны  райстой  æмæ  сæ æмбæлгæ клиникæтæм æмæ уагдæттæм райуардзысты.