Дунейы алкæмæй даргъ денджызон хид байгом ис (фото)
Дунейы алкæмæй даргъ денджызон хид байгом ис (фото)

Дунейы алкæмæй даргъ денджызон хид байгом ис (фото)

Китайы лидер Си Дзинпин Гонг-Конгы Жухайы иугæнæг хиды официалон баконды церемонийы райста хайад. Мадзал Гуандурасы провинцийы горæт Жухайы сырæзт æмæ хайад райстой 700 -йæ фылдæр уазæг.

Транспортон коридорыл автотранспорты змæлд, се æхсæн уæзласæн транспорты дæр сомæй райдайдзæн.

Китайы хицауады æрбадæттæгтæм гæсгæ, хиды конструкци, кæцы 120 азыл у нымад, тайфунты æмæ зæххыæнкъуыстытæн фæразы.

Снысангонд инфраструкутрон проекты нысаниуæгджын хай 6,7 километр доныбын автомобилон тонел у, кæцыйы амадæн дыууæ сакъадахы саразын сиис æнæмæнг.

Хиды даргъ 29, 6 километр у æнæхъæнæй магистралы даргъ та 55 километр у. Дунейы алкæмæй даргъ дæенджызон хид у.