Донивылд Венецийы
Донивылд Венецийы

Венецийы   ноджы иу  донивылд сырæзт.  Сахары  уылæнты  бæрзæнд   1.40   метрæй ахызтысты. Доны бын  ноджы иу  хатт  фæцис Венецийы  номдзыд  Мыгъдæг Маркосы  аргъуаны фæз.

Венецийы   масштабон  донивылд  цæугæ азы   ноябры  сырæзт, доны бæрзæнд  1.80  метрæй  куы  ахызт.  Ахæм донивылд   Италийы   сахары  фæстаг  50  азы  дæргъы   никуы  æрцыд.

Стихийæ  райсгæ  зианы бæрц,  сахары  миллиард  евройæ  фылдæр у.  Фысымуатты  рагахст бынæттæ та,  45  процентæйс  фæкъаддæр сты.   Венецимæ  æрвылазонæй  22   милуан турист   фæуазæг вæййы.