Дональд Трампы  фыстæг Эрдогъанмæ - Гуырымыхъхъ æмæ æнæзонд ма у!
Дональд Трампы фыстæг Эрдогъанмæ - Гуырымыхъхъ æмæ æнæзонд ма у!

АИШ-ы  президент Дональд Трамп  9 октябры  Реджеб Тайип Эрдогъанмæ æрвыст фыстæджы,  Туркмæ  Сирийы   æфсæддон операцийы  гæнæн фæстиуджыты тыххæй фæдзæхста.

«Гуырымыхъхъ æмæ  æнæзонд ма у» – фыста  Дональд Трамп  Эрдогъанмæ.

9 октябрæй датæвæрд  фыстæг  публикаци скодта  Урс Хæдзар.  Фæнысан кæнинаг у, цæмæй  Анкара, Сирийы  Цæгат-скæсæн  хайы курдæгты  ныхмæ  æфсæддон операци растдæр  9 октябры  райдыдта.   Фыстæджы  АИШ-ы   президент   архайдта, Реджеб Тайип Эрдогъаны  Сиримæ  лæбурдæй, ног  зондахастыл бафтауын.

Операци райдаыны   планы  фæдыл  Эрдогъан Дональд Трампæн  6 октябры  телефонон ныхасы рæстæджы  загъта.

«Цæй ма  хорз бадзырд скæнæм!  Сымах нæ фæнды, уат бæрнон  мингай  адæймаджы  скуынæгыл æмæ мæн дæр нæ фæнды  бæрнон уын  Турчы экономикæйы скуынæгыл, фæлæ  уыдзынæн! Æз ныридæгæн равдыстон  чысыл дæнц, уый  пастор Бресоны  цауы  куыд æрцыд афтæ» –  фыссы Дональд Трамп   фыстæджы.

Фыстæджы АИШ-ы  президент  атæдæр   дзуры Эрдогъанæн , цæмæй   курдæгты  къордты,  «Сирийы   демокративон  тыхты» сæргълæууæг  инæлар  Мазлум Кобан  Абди цæттæ  у бадзырдтæм  æмæ бæрæг фæхатырмæ дæр.

«Истори хатырджын уыдзæн де рдæм,  кæд ай   растæй æмæ  гуманонæй   сараздзынæ уæд. Уымæн ды  иугæндзонæй  уыдзынæ  хæйрæгау, кæд  хорз хабæрттæ не рцæудзæн уæд.  Гуырымыхъхъ æмæ æнæзонд ма у!»  сиды  Дональд Трамп  Эрдогъанмæ.

АИШ-ы  хицауады  бæлвырдæй, Вашингтон,  Туркæн, Сирийы  операци райдайынæн, «цæъх рухс» не  ссыгъдта.