Дональд Трампы  адвокат Джон Дауд  йæ куыстæй йæхи суæгъд кодта
Дональд Трампы адвокат Джон Дауд йæ куыстæй йæхи суæгъд кодта

Америкæйы иугонд штатты  президенты  Дональд Трампы  адвокат Джон Дауд  йæ куыстæй йæхи суæгъд кодта. Дауд Америкæйы президентон æвзæрстыты процессмæ  Уæрæсейы гæнæн хифæкæныны   хъуыддаджы Трампы адвокат уыдис.

Джон Дауды  куыстуагъды размæ уыдис Трампы критикæ  специалон прокурроры, Роберт Мюллеры æрдæм.  Дауд  та  загъта, цæмæй  фæдæвзарæн  хъуамæ фæуа,  уымæн æмæ ацы  рæстæджы дæргъы   прогресс зæгъгæ нæ  зыны.

Дауд куыстуагъды æфсонæн æрхаста   президентимæ æнæразыдзинад.  Уый æрмæст иу комментари сарызта.

«Æз уарзын президенты  æмæ  йын цыфæнды  хъуыддæгты ракувдзынæн æнтыстытæ» – расидтис Трампы раздæры адвокат.

Роберт Мюллер  2017 азы  августы фæстæ,  уæлдæрбанысангонд хъуыддаг æвзары. 2018 азы  февралы  Мюллер  фæдæвзарæн фæлгæтты  Уæрæсейы  13 æмбæстагæн аххосаг официалонæй бавдыста.  Уыдонæй  æртæйы азымджын кæнынц  конспирацион   проекты  хайад,   фондзы та Америкæйы æмбæстæгты  хисæрмагонд бæрæггæнæнты хибакæныны.

Зылынгæнæны   мидæг дзырдæуы æртæ уырыссаг  компанийы тыххæй  дæр,  уый нымæцы  а.х.  «трольты  Завод»  кæцы АИШ-ы  ныхмæ мæнг  информацийы  хæлиу кодта æмæ   социалон хызæгты мæнг хыгъдтæй пайдагæнгæйæ  æххæст кодта информацион хæст.