Дональд Трампы админстраци, ИНО æмæ Конгрессæн фехъусын кодта æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунеон  организацийæ АИШ-ы рацыды фæдыл
Дональд Трампы админстраци, ИНО æмæ Конгрессæн фехъусын кодта æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунеон организацийæ АИШ-ы рацыды фæдыл

Дональд Трампы  администраци æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунеон  организацийæ рацыды фæдыл  ИНО-йы генералон нымæрдарæн официалонæй фехъусын кодта.   Уый фæдыл телекомпани  «Fox News» АИШ-ы президенты администрацийыл  æнцойæ хъусын кæны.

Афтæма  ацы  медиа-фæрæзы  хъусинагæй,  æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунеон  организацийæ рацыды  фæдыл официалон   хъусинаг  Урс Хæдзар  арвыста Конгрессмæ дæр.

Демократ сенатор   Боб Менендес  Дональд Трампы  «Ковид-19»-ы пандемийыл  реакцийы хæццæйæ  æнæфæдфæдонæй  схуыдта.

«Уымæй  америкæгты цард æмæ интерестæ  хъахъхъæд нæ уыдзысты,  америкæгтæ  баззайдзысты рынчын æмæ  Америкæ та  – иунæгæй» –  ныффыста   Боб Менендес  «Твиттеры».

АИШ-ы президент, Дональд Трамп æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунеон  организацийæ рацыды  фæдыл   райхъусын кодта  зæрдæвæрæны  кæрон.

«Fox News» куыд хъусын кæны афтæмæй,   Трампы  уынаффæ  йæ  тыхмæ бахиздзæн  2021 азы  июлы.