Дональд Трамп- Владимир Путинимæ нæ фембæлд рæхджы бонты сырæздзæн
Дональд Трамп- Владимир Путинимæ  нæ  фембæлд рæхджы бонты  сырæздзæн

АИШ-ы  президент  Дональд Трамп  хъусын кæны,   цæмæй  йæ  фембæлд Владимир Путинимæ  гæнæн ис Хельсинкийы 11-12  июлмæ плангонд НАТО-ы  саммиты  фæстæ  сырæза.  Трампы  фидиуæны  публикаци кæны  агентад Reuters.

«Куыд фæбæрæг афтæмæй,   нæ фембæлд  æнæдæр афтæ дард   фидæны  сырæздзæн.   Æз æнæиу хатт загътон, цæмæй  Уæрæсеимæ, Китайимæ  æмæ  алкæйимæ  ахастыты æрбиноныг кæнын   тынг дзæбæх уаид.  Дзæбæх уыдзæн дунейæн, махæн  æмæ  алкæмæн дæр.  Афтæмæй  фембæлдзыстæм искуы  Европæмæ  мæ визиты  рæстæджы.  Уый нырма нæ ахицæн кодтам», – банысан кодта  Трамп.

АИШ-ы президенты  фидиуæнæй,  уый   Уæрæсейы президентимæ  æндæр фарстатимæ иумæ   Сирийы  æмæ Украинæйы   фарстатæ  дæр æрксдзæн.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   мах   фæныхас кæндзыстæм  Сирийы фæдыл,  Украинæйыл  æмæ  æндæр фарстатыл æмæ акæсæм   цы æрцæудзæн.   Никуы  фæфиппайдзынæ цы æрцæудзæн фембæлдты рæстæджы.   Фæлæ  мæ хъуыдымæ гæсгæ,  адæймæгтимæ   фембæлдтæй   гæнæн ис  тынг дзæбæх  цыдæр рауайа.  Диссаджы  фембæлд нын рауад Китайы  президент  Си Дзин Пинимæ. Кæмыты уыдтæн,  алкуырандæр мын дзæбæх фембæлдтæ  уыд.  Афтæмæй  гæнæн ис  исты  позитивон нын рауайа», – банысан кодта  Дональд Трамп   Урс Хæдзары  журналисттимæ ныхасы рæстæджы.  Дональд Трампы æмæ Владимир Путины  фембæлды  рæстæг æмæ  датæ  официалонæй   абон хъуамæ  фæбæрæг уа.