Дональд Трамп – Владимир Путинимæ фембæлдыл уæлдай йын ницы уагътон
Дональд Трамп – Владимир Путинимæ фембæлдыл уæлдай йын ницы  уагътон

Америкæйы иугонд Штатты  президент хъусын кæны,  цæмæй  Хельсинкийы, Уæрæсейы   президентимæ  фембæлды рæстæджы    уæлдай ницы  уагъдта. Уый  фæдыл  Трамп микроблог  Twitter-ы ныффыста.

«Мæнг ног  хабæрттæй  куы базоныс, цæвиттон   президент Путинимæ  фембæлды рæстæджы  цыдæртæ  уæлдай  ауагътон,  уæд   уæ зæрдыл дарут  уый æмæ   æз  ницы  компромисс  æруагътон.  Мах  æрмæстдæр дыууæ дæр бæстæйæн    пайдаджын   рацæуæныл   фæныхас  кодтам» –  фыссы  Трамп.

Бакой уын кæндзыстæм, АИШ-ы æмæ  Уæрæсейы  президенттæ  кæрæдзиимæ Финляндийы   сæйраг сахары,   16 июлы  фембæлдысты.