Дональд Трамп   уымæн импичменты  расидыны  архайдæн дæтты  дзуапп
Дональд Трамп уымæн импичменты расидыны архайдæн дæтты дзуапп

Америкæйы Иугонд Штатты   президент Дональд  Трамп   уымæн  импичмент расидыны  архайдæн дзуапп дæтты æмæ социалон хызаг «Твиттеры»  публикаци кæны  видео-сидт.

«Ерын цы цæуы  уый у, иу стыр гæдыдзинад  америкаг  политикъæйы  историйыю Демократты  фæнды   байсой нын   уæ хотыхтæ,  уæ  æнæнизхъахъхъæд,  уæ хъæлæстæ, уæ сæрибардзинад,  уæ тæрхонгæнджыты. Фæнды сæ  байсой нæ алцыппæт.  Мах уый ниыкуы æруадздзыстæм»  – хъусын кæны  Дональд Трамп.

Президенты   ныхмæ   импичменты  процедурæ  райдайыны кой кæнын  Демокративон   партий  уый  фæстæ райдыдта,  Дональд Трампы  æмæ  Украинайы  президент Владимир Зеленскийы  æхсæн телефонон   ныхасы тыххæй  куы райхъуыстис уæд.  Ныхасы рæстæджы, Дональд Трамп   украинаг  коллегæйæ  ракуырдта,  баинтерес уыдаит  хъуыддаг равзарынæй, кæцыйы фигуранттæ  сты  АИШ-ы  президенттæм  кандидат Джо Байден  æмæ йæ   фырт  Хантер. Трамп æнхъæлы, цæмæй  Джо Байден, вице-президентæй  уæвыны рæстæджы,  Украинайы  райдайгæ  коррупцион  фæдæвзарæн  баурæдта, кæцы уыцы  кампанийы   хъуыддаг æвзæрста, кæцйы рæстæджы Хантер Байден  уыд  директорты советы  уæнг.