Дональд Трамп, Саломэ Зурабишвилийæн  Гуырдзыстоны  президентæй сæвзæрст арфæ кæны
Дональд Трамп, Саломэ Зурабишвилийæн Гуырдзыстоны президентæй сæвзæрст арфæ кæны

АИШ-ы президент Дональд Трамп, Саломэ Зурабишвилийæн  Гуырдзыстоны  президентæй сæвзæрст арфæ кæны.

Дональд Трамп  фыстæдыж ноджы иу  хатт   дзуры бузныг  Гуырдзыстонæн Афгъанистаны   миссимæ хайбавæрды тххæй  æмæ  æдасдзинады сферæйы   æмгуыстады фæфидардæр кæныны  ныфс æвæры.

«Цытджын  президент  арфæ уын кæнын Гуырдызстоны президентæй суæвын.  Америкæйы  Иугонд Штаттæ  æххæстæй  йæ  фарс хæцы Гуырдызстоны территорийыон æнæхъæндзирнадæн,  фарн  æмæ   демокративон райтынгæн, афтæдæр Гуырдзыстоны  фылдæр интеграцийæн  ныгуылæнимæ.  Æз æнхъæлмæ кæсын   АИШ-ы  æмæ   Гуырдзыстоны  хæстæг партнерад адарддæр кæнынмæ  æндæр æмæ æндæр фарстатыл, сæ нымæцы   æдасдзинады сферæйы  æмкуысткæнынады  фæфидар кæнынмæ.

Мах тынг райгонд стæм  уæ бæстæ, цæгат-атлантикон  альянсы  Афгъанистаны миссийы  цы хайбавæрд скодта æмæ  гуырдзиаг  æфсæдæттæ  цы снывонд кодтой  уый тыххæй.  Зæххы цъарыл хузыдæр цы  ис  уымæй   хайджын ут  сымах æмæ  гуырдзиаг  адæм» –  дзырдæуы  Доналльд Трампы  фидиуæны.