Дональд Трамп - Ныхсут  уæ къухтæ,  уæхи сыгъдæг дарут, бынтон æнæхъуаджы у, алы гæзæнхъæдмæ  февналат, кæд уыл уынгæджы  бон нæ  лæууы  уæд
Дональд Трамп - Ныхсут уæ къухтæ, уæхи сыгъдæг дарут, бынтон æнæхъуаджы у, алы гæзæнхъæдмæ февналат, кæд уыл уынгæджы бон нæ лæууы уæд

АИШ-ы  президент  Дональд Трамп   америкæгтæм  æрсидтис,  сæ  къухтæ  арæх  æхсой.  Ацы  куырдиат   уый   коронавирус фæдыл  уагъд   специалон  прессконференцийыл  сарызта.

«Вæццæгæн фехъустаиккат, æз тынг арæх афтæ кæнын.  Ныхсут  уæ къухтæ,  уæхи сыгъдæг дарут. Бынтон æнæхъуаджы у, алы гæзæнхъæдмæ  февналат, кæд уыл уынгæджы  бон нæ  лæууы  уæд.  Хорз   зонут хуымæтæг  архæйдтытæ,  кæцытæ иу кæнут гриппы рæстæджы», – райхъусын кодта Дональд Трамп.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   АИШ-ы  грипп æрвылазонæй   25 минæй   69 мины  онг  адæймагы  мæлæты  аххос  свæййы.

АИШ-ы   лидеры  дзырдæй,   зæгъгæ америкæгты  æнæниздзинадæн  коронавирус  ныллæг рискъ у, фæлæ   бæстæ уæддæр  алцæмæ  цæттæ у.