Дональд Трамп – ноджы иу æбуалгъ  бырст Францы, хъавæм, арæныл  æдасдзинад фæтынгдæр кæнын
Дональд Трамп – ноджы иу æбуалгъ бырст Францы, хъавæм, арæныл æдасдзинад фæтынгдæр кæнын

Америкæйы Иугонд Штатты  президент Дональд Трамп, Страсбургы  æрцæугæ æхсты фæдыл  «Твиттеры» фæрцы  сарызта комментарий.  Дональд Трампы дзырдæй, ацы  фæзынд  ноджы иу  хатт равдыста, цæмæй АИШ-æ  йæ арæныл   æдасдзинады мадзæлттæ хъуамæ  фæтынгдæр кæна.

«Ноджы иу  æбуалгъ  бырст  Францы. Мах хъавæм  ноджы фæтынгдæр кæнæм   æдасдзинад  арæныл» – фыссы  АИШ-ы  президент.

Страсбургы цыппурсон æрмукъæйыл  знон  æхсæв, хъуыстис  æхстыты  хъæр. 29 аздыд  нæлгоймаг  æхсын  байдыдта  æрмукъæйыл æрымбырдуæвæг адæмыл.  Бырсты фæстиуæгæн  фæмард  æртæ æмæ фæцæф ис  12  адæймаг.