Дональд Трамп нæ ацух кодта, цæмæй  Стыр Авды фæстæ саммитмæ, гæнæн ис Путины фæхоной
Дональд Трамп нæ ацух кодта, цæмæй Стыр Авды фæстæ саммитмæ, гæнæн ис Путины фæхоной

АИШ-ы президент  Стыр Авды  фæстæ нæ  рацух кодта саммитмæ Путины  фæхоныны гæнæн. Информацийы  хъусын кæны агентад «Блумберг». Уымæй  дарддæр ма, Дональд Трампы дзырдæй,   ацы фарстайыл уый нырма кæронбæттæн уынаффæ нæ рахаста.

Бакой уын кæндзыстæм,  Урс Хæдзары  лидер уæдмæ дæр  рацыд Стыр Авды  форматы  ауæрæх кæныны  инициативæйæ.  Фæлæ Германи, Стыр Британи, Франц æмæ  Канадæ  ацы  идеяимæ не сразы  сты.  Сæ ныхæстæм гæсгæ,  Уæрæсейы  Стыр Астæй ацух кæныны  æфсон,  Хъырымы æнæзаконон  анекси æмæ Украинайы   хурыскæсæны  цæугæ  хæстон архæйдтытæ  уыд, кæцы  ацы  афонмæ  урæд нæу.

Францы  президент  Эммануэль Макроны  дзырдæй,  Уæрæсейы  Стыр  Астмæ  æнæразæууæлттæй æрыздахын,  уыдзæн  лæмæгъдзинады  бæлвырд равдыст.

Кремлы райхъусын кодтой, цæмæй   кæд Стыр Асты  саммитмæ  хуынд райсдзысты, уæд ацы фарстайыл æнæмæнгæй  фæтæрхон кæндзысты æмæ йæ бацахуыр кæндзысты.