Дональд Трамп – Ким Чен Ынимæ радон фембæлд, ацы этапыл боны фæткъы нæй
Дональд Трамп – Ким Чен Ынимæ радон фембæлд, ацы  этапыл боны фæткъы нæй

АИШ-ы  президенты идиуæнæй,   Ким Чен Ынимæ   радон  фембæлд  ацы  этапыл   боны  фæткы  нæ лæууы зæгъгæ.  Уый фæдыл фидиуæн Трамп  фембæлды фæстæ,   пресс-конференцийыл сарызта.

Америкæйы  президенты  дзырдæй,   Ким Чен  Ынæй  зæгъгæй райста   дзырдлæвæрд  цæмæй ракетæтæ нал  бафæлвардзæн.

«Ыз йыл æууæндын  æмæ мæ  уырны цæмæй  йæ дзырдлæвæрд сæххæст кæндзæн» –  райхъусын кодта Трамп.

Дыууæбонон саммиты  фæлгæтты   Цæгат Кореяимæ  бадзырдмæ нæ бантыст, Америкæйы  Иугонд Штатты   президенты дзырдæй,   Ким Чен Ыны  зæгъгæ  фæндыд   санкцитæ  сæрæй –кæронмæ   аивын.   Дональд Трампы   фидиуæнæй,   Цæгат Кореяйыл  уагæвæрд  санкциты  аивын АИШ-æн йæ  бон нæу.

Трамп афтæдæр  райхъусын кодта,цæмæй  дыууæбонон    саммиты фæлгæтты   2018 азы  саммитæй  егъау дæр  прогрессмæ  æрцыдысты.  АИШ-ы   президенты дзырдæй,  разыдзинад зæгъгæ цæттæ уыд  къухæвæрдмæ, фæлæ   дыууæдæр фарс  нæзагъд ракодтой æмæ уый  æрмæст йæхи сæрмагонд  уынаффæ нæ  уыд.

Трампы  аргълæвæрдæй, Цæгат КОреяимæ   саммит   продуктивон  уыд  æмæ хъуыдыты  хъауджыдæрдзинадмæ æнæкæсгæ,  кæрæдзимæ хæлар ахастæй  фæцис.