Дональд Трамп хъусын кæны, цæмæй  зæгъгæ АИШ  дунейы  базарадон  организацийæ  рацæудзæн, кæд æмæ æнæмæнгхъæугæ бауа уæд
Дональд Трамп хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ АИШ дунейы базарадон организацийæ рацæудзæн, кæд æмæ æнæмæнгхъæугæ бауа уæд

Дональд Трамп хъусын кæны, цæмæй  зæгъгæ АИШ  дунейы  базарадон  организацийæ  рацæудзæн, кæд уый бахъæуа  уæд.  Уый  тыххæй   Дональд Трамп  Пенсильванийы   штаты   нефты компани  «Шеллы»  кусджытимæ  фембæлдыл, дзырдæй  ралæуды  рæстæджы   райхъусын кодта.

АИШ-ы  президент  Дунейы  базарадон организацийы  Китайы  пайдайæн   архæйдты  фæзылыныджын кодта  æмæ  райхъусын кодта, цæмæй   йæ  президентæй  суæвыны онг, АИШ-æ  организацийы  алы  даууы æмбылдта.

«Дунейы базарадон организацийы мах  иу  алы  даууы  саст цыдыстæм.  Зæгъæн ис  нæ  алы  хъуыддаг  уыд æмбылд.  Уыдон æнхъæлдтой, цæмæй   мах  æдылытæ  стæм.  Уавæр сæ куыд фæндыд  афтæ  арызтой.  Стæй  та æз æрбацыдтæн.  Ныр мах бирæ  хъуыддаджы фææлахиз стæм, уымæн æмæ зонынц, цæмæй  сæ  позицитæ  уыййас æнæфæцудгæ не сты.  Мах организацийæ  рацæудзыстæм,  куы  нæ бахъæуа  уæд. Æнæнхъæлæджы бирæ хъуыддæгтæ рамбылдтам. Нæ хъуыддæгты фылдæр  иу  рамулæм ныр.  Ай та  æрмæстдæр  ахасты  тыххæй  ссис гæнæн,  уымæн æмæ уыдон азты дæргъы  нæ сайдтой.  Фæлæ  афтæ  никуы уал  уыдзæн.  Æмæ  уый  бамбæрстой» –  райхъусын кодта  Трамп.