Дональд Трамп – Кæд губернатортæ  не сразы уыдзысты  сæрмагонд æмбæстæгты сæрыл рахæцын, уæд уырдæм  æфсæддæтты арвитдзынæн  æмæ проблемæ алыг уыдзæн
Дональд Трамп – Кæд губернатортæ не сразы уыдзысты сæрмагонд æмбæстæгты сæрыл рахæцын, уæд уырдæм æфсæддæтты арвитдзынæн æмæ проблемæ алыг уыдзæн

АИШ-ы  президент Дональд Трампы  дзырдæй,  зæгъгæ кæд   губернатортæ  æмæ мэртæ  нæзагъд ракæндзысты сæрмагонд æмбæстæгты сæрыл  хæцынæн хъæугæ мадзæлттæ райсын, уæд  уый спайда  кæндзæн   æфсæддæттæй.  Уый фæдыл  АИШ-ы президент  Урс Хæдзары  лæвæрд брифингыл   райхъусын кодта.

Трамп фæныхас кодта  уыцы  къахдзæфтыл, кæцыты АИШ-ы  хицауад аразы  змæстытæ  карон скæнынæн.

«Ахицæн кодтон, тыхмидзинад бауромын  æмæ АИШ-ы  æмбæстæгты  æдасдзинад  сæндидзын кæнын.  Мобилизаци кæнын  алы  федералон ресурстæ,  уый æххæссы  æмбæстагон, афтæдæр  æфсæддон персоналмæ,  цæмæй   кæрон скæнæм  змæстытæ æмæ  стъигъын», – банысан кодта Трамп.

Афтæма йæ ныхæстæм  гæсгæ,  ацы  мадзæлттæ æнæаргъæвгæйæ  бацæуынц  йæ  тыхмæ. Ацы рæстæджы  АИШ-ы  президент  райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ абон æрсидтис  губернатортæм,   спайда кæной   националон  гвардийы æххуысæй,  цæмæй  уынгты «доминаци  бафæразой сæхæдæг».  Афтæдæр йæ ныхæстæм   гæсгæ, мертæ æмæ   губернатортæ хъуамæ ракæной хъæугæ нымæцæй   барадхъахъхъæнджыты,  цалынмæ змæстытæ  нæ фæуыдзысты.

Афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæ, абон  19:00 сахатæй  Вашингтоны  йæ  тыхмæ  хизы  коменданты  сахат  æмæ йæ  чидæрриддæр  халдзæн,  уый  æрцахсдзысты  æмæ  йæ тæрхонмæ ратдзысты   закъонмæ  æмбæлгæйæ.  Трампы дзырдæй,  змæстыты   организатортæм  æнхъæлмæ кæсы   ахстæй æфхæрд.