Дональд Трамп  Йенс  Столтенбергæй, телефонон ныхасы рæстæджы Æввахс  Скæсæны НАТО-ы  роль фæактивон кæнын æркуырдта
Дональд Трамп Йенс Столтенбергæй, телефонон ныхасы рæстæджы Æввахс Скæсæны НАТО-ы роль фæактивон кæнын æркуырдта

АИШ-ы президент  Дональд Трампы  æмæ  НАТО-ы   генералон  нымæрдары Йенс  Столтенбергы  æхсæн  телефонон   ныхас  сырæзт.  Альянсы  официалон   веб-фарсыл   публикацигонд   прессрелизы куыд дзæрдæуы  уымæ  гæсгæйæ,   Дональбд Трамп  æмæ Йенс Столтенберг, Æввахс Скæсæны айтынггонд фæзындтæ  афæлгæстой.  Уыдон фæуынаффæ  кодтой  сырæзт ситуацийы  æмæ   регионы  НАТО-ы   ролы  тыххæй.

Ахæлиугонд  прессрелизмæ гæсгæ,  АИШ-ы президент  Йенс  Столтенбергæй æркуырдта,  цæмæй  Æввахс Скæсæны  Нато  активондæр роль сыххæст кæна.  Уыдон æрныхас  кодтой, цæмæй НАТО-йæн йæ  бон   у  регионон  стабилондзинады æмæ  æхсæнаæдамон   терроризмы  ныхмæ  тохмæ  йæ  хайбавæр  фæфылдæр кæна.  Трамп   æмæ Столтенберг   афтæдæр  бадзырдтой,  цæмæй   фæнысангонд фарстайыл   уыдзысты  æнæаскъуынгæ  контактыл.

Цæгат-атлантикон   альянсы банысан кодтой, цæмæй   Иракы æмæ   Афгъанистаны, НАТО ахуыргæнæн мисситæй æмæ   куыд «Исламы Паддзахады»   ныхмæ  архайæг глобалон  коалицийы  уæнг, раздзог роль æххæст кæны æхсæнадæмон терроризмы  ныхмæ  тохы.