Дональд Трамп - Ираны ныхмæ, æфсæддон архайд мæ нæ фæнды, фæлæ  уый  шанс  кæддæриддæр  ис
Дональд Трамп - Ираны ныхмæ, æфсæддон архайд мæ нæ фæнды, фæлæ уый шанс кæддæриддæр ис

Ираны ныхмæ æфсæддон архайд мæ нæ фæнды, фæлæ  уый  шанс  кæддæриддæр  ис –  уый фæдыл АИШ-ы президент  Дональд Трамп,   Лондоны Прис Морганимæ интервьюйы  райхъусын кодта.

Дональд Трмапы  дзырдæй,  Иран террористон паддзахад у, кæцы терроризм  финанс кæны.

«Иран у  ахæм  бæстæ,  кæцы  тынг знагон ахаст дартта,   æз президентæй  куы  сдæн уæд. Уыдон Йемен  æмæ Сирийы  æхсæн  14 æндæр æмæ æндæр   раны,   æмæ  бирæ æндæр хæстон зонæйы  уыдысты.  Уыдысты терроризмы  фæстæ  бирæ рæттыты.  Ацы уыд дунейы  номыр фыццаг   террористон паддзахад  æмæ  гæнæн ис абон дæр афтæ у. Президент Обама   атомон бадзырдыл  сразы ис,  кæцы  уæд уыдис тынг  æвзæр бадзырд.  Бафыстой сын 150 миллиард доллар, 1,8 миллиард  æрмæджы хцайæ.  Æз  уый  æппæты ныхмæ уыдтæн  æмæ  бадзырд аскъуыдтон. Иран ныр бынтон æндæр бæстæ у», –   райхъусын кодта АИШ-ы президент.