Дональд Трамп ирайнæгтæм, социалон  хызагы  персагау  басидтис -  Лæмбынæг нæ  хъус дарæм  уæ протестмæ æмæ  удцырын  стæм  уæ  æндиуддзинадæй
Дональд Трамп ирайнæгтæм, социалон хызагы персагау басидтис - Лæмбынæг нæ хъус дарæм уæ протестмæ æмæ удцырын стæм уæ æндиуддзинадæй

АИШ-ы президент Дональд Трамп,  Ираныв  ацæуæг  антихицауадон   акцийы  кой  кæны  социалон хызагы.  Уый ирайнаг адæммæ  басидтис  куыд англисаг – афтæ   персаг  æвзæгтыл:

«Сахъ æмæ  рагæй-фæстæмæ тухигæнæг  ирайнаг  адæмæн: мæ президентæй суæвыны  фыццаг  бонæй,  уæ  фарсмæ  лæууын æмæ  мæ  администраци  фæтхджындæр кæндзæн  сымахæн æххуыс.  Мах  лæмбынæг нæ хъус  дарæм   уæ  протестмæ  æмæ удцырын стæм  уæ æндиуддзинадæй» –   фыссы Дональд Трамп  «Фейсбукы».

Ирайнаг  медийы   хъусинагæй,   Тегераны антихициуадон   митинг ацыд.  Информацион агентад  «Ройткр»   бынæттон   медийыл  æнцойæ  хъусын  кæны,  цæмæй зæгъгæ Ираны   сæйраг горæты   уынгтæм,  сæдæгай  адæймаг,  бæстæйы  хицауад «Украинайы  Авиахаххыты»  сæрмагонд  бæлццонон хæдтæхæг  «рæдыдæй  æрæппарыныл» куы басастис уый фæстæ рацыд. Тегераны  уынгтæм рацæугæтæ  фæдагуырд ауадзын  æмæ  зылынджынты  бафхæрд домынц.  Уымæй  уæлдай, уыдон   бæстæйы  удон  лидеры  Аятола  Али  Хаменейæ  йæ  бынат  ныууадзын  дæр куырдтой.  «Ройтеры» информацийæ,   акцийы  хайадисджытæ, фæмардуææг инæлары, Касем  Сулейманийы  къамтæ дæр аскъуыдтæ кодтой.  Афтæма  ирайнаг  медийы   информацийæ,   акци,  пъæлицæй  ныссæста.

‏به مردم شجاع و رنج کشیده ایران: من از ابتدای دوره ریاست جمهوریم با شما ایستاده‌ام و دولت من همچنان با شما خواهد ایستاد. ما اعتراضات شما را از نزدیک دنبال می کنیم. شجاعت شما الهام بخش است.

Posted by Donald J. Trump on შაბათი, 11 იანვარი, 2020

To the brave, long-suffering people of Iran: I've stood with you since the beginning of my Presidency, and my…

Posted by Donald J. Trump on შაბათი, 11 იანვარი, 2020