Дональд Трамп  æвзарæнон   бал  Джорджиайы  штаты хъæлæсты  бахыгъд бауромыны нысанæн бахъаст кодта
Дональд Трамп æвзарæнон бал Джорджиайы штаты хъæлæсты бахыгъд бауромыны нысанæн бахъаст кодта

Дональд Трампы æвзарæнон  бал, Джорджиайы  штаты   хайы, хъæлæсты бахыгъд  бауромынæн хъаст бавдыста.  Джорджиа  нысаниуæгджын штат у, цы ран  нырма иунæг кандидаты  уæлахиздзинад  нырма нæ райхъусын кодтой.

Хъасты мидæг дзырдæуы, цæмæй   Республикаг   цæстдарæг федтой, фæлæ  Четемы зылды  иуæй-иу  æвзарæнон  кусæг   бафтыдта  53  фæстиатгонд  постон  бюллетенты,  афоныл бацæугæ  бюллетентæм.  Джорджиайы  штаты  бюллетентæ ист хъуамæ  уа  æвзæрстыты  бон, 19:00 сахаты онг.

Ай у цыппæрæм   штат, цы ран  архайæг   президент  райдыдта юридикон дау. Трамп  æвзарæнон  бал архайы,  бауромын хъæлæсты бахыгъд уыцы рæтты,  цы  ран уырнæг у, цæмæй  «бюллетентимæ фæлывдмигæнгæйæ  архайынц».  Трампы   æвзаранон  бал уæдмæ  ахæм скуыддзаг   райста  Мичиганы, Пенсильванийы æмæ Висконсины.