Дональд Трамп   Абу Бакр ал-Багъдады ликвидаци  сбæлвырд кодта
Дональд Трамп Абу Бакр ал-Багъдады ликвидаци сбæлвырд кодта

Ивгъуыд æхсæв,  АИШ-æ   дунейы  номыр фыццаг  террористы дзуаппмæ ратта, Абу  Бакр ал-Багдад мард у – уый фæдыл  АИШ-ы  президент, Дональд Трамп,  пресс-конференцийыл райхъусын кодта.

«Абу  Бакр ал-Багдад  «Исламы Паддзахады»  лидер уыд. Дунейы  сеппæтæй  тыхмигæнаг  организацийы  лидер. АИШ-æ  ал-Багдады   агуырдта азты  дæргъы.  Йæ рцахсын кæнæ ликвидаци уыд АИШ-ы  националон æдасдзинады  приоритет.   АИШ-ы  спецбал тæссаг  операци ауагъдта  æхсæвы  цæгат  скæсæн Сирийы.  Ац операци  уыд æнтыстджын» – райхъусын кодта Трамп.

Афтдæрæ йæ ныхæстæм гæсгæ,  операцийы рæстæджы,  АИШ-ы  æфсæддæттæ  нæ  фæзиан сты.

Уыйимæ иумæ  АИШ-ы   президенты  информацийæ,   Абу Бакр ал-Багдадимæ иумæ, йæ бирæ æмхъуыдыджынты амардтой. Трамп куыд  хъусын кæны афтæмæй,   Ал-Багдади  алидзыны рæстæджы, йæ хи  тунелы  «Шахиды ронæй»  спырх кодта.

«Ал-Багдадийы  бирæ æмхъуыдыджын  фæмард уыйимæ иумæ.  Уый амард тунелы  куы  алыгъдис уæд,  хъæргæнгæйæ.  Йе штаб  асыгъдæг кодтой.  Адæмы хай сæхи раттой. Иннæ хайы  та  ныццагъдтой.  11  сывæллоны æдасæй  ракодтой.  Æрмæст ма  баззад Багъдади æмæ йемæ  йе æртæ хъæбулы.  Растдæр ацы  рæстæджы  тунелы  кæрон скусын кодта  «Шахиды рон»  æмæ йæхи спырх кодта.   Йæ буар ныууæнгтæ ис æмæ  туннел ныккалдис.   Фæлæ  анализтæй сбæлвырд ис, цæмæй уый  æцæгæйдæр  Багъдади уыд» –  райхъусын кодта  Трамп.