Дональд Трамп абон къух бафысдзæн националон хъахъхъæнынады 2019 азы бюджеты закъоныл, кæцыйы мидæг дзырдæуы Гуырдзыстонæн æххуысы фæдыл
Дональд Трамп абон къух бафысдзæн  националон хъахъхъæнынады  2019 азы  бюджеты  закъоныл,  кæцыйы мидæг дзырдæуы Гуырдзыстонæн  æххуысы  фæдыл

АИШ-ы  президент  Дональд Трамп  абон  къух  бафысдзæн   Националон   хъахъъæнынады  2019  азы бюджеты  фæдыл закъоныл,  кæцыйы мидæг дзырд ис  Гуырдзыстоны тыххæй.

Документ  2019 азы  АИШ-ы  хæдиргъæвынхъомад  фæтыхджындæр кæнынæн, йæ  хъуыдыйы  дары   716 миллиард  доллары рауæлдай кæнын.

Урс хæдзары информацийæ,   АИШ-ы президент закъоныл  кух рафысдзæн   Нью-Йоркъы  Форт  Драммы  базæйыл.

АИШ-ы  националон  хъахъхъæнынады   2019  азы  бюджеты проекты, сенат  августы  райдйианы сбæлвырд кодта.  Документы мидæг дзырдæуы  евроатлантикон   тырнынадтæн фарсхæцыны фæдыл. Афтæма Гуырдзыстон Украинæйæн æфсæддон  æххуыс.

Докмуенты  мидæг  фыст ис   хæдиргъæвæн  леталон  хотыхтæй æххуысы  фæдыл,  «кæцы  здæхт Гуырдзыстон  хæдиргъæвæн   фæрæзты æмæ  цæттæдзинад  фæтыхджындæр кæныны æрдæм.  Афтæдæр  Гуырдзыстоны тыхты НАТО-йы   стандарттæм  æмбынатиндзинад фæхуыздæр кæныны æрдæм».

Закъонопроекты афтæдæр хаххгонд у, цæмæй   Гуырдзыстон æмæ   Уркаинæ,  хъуамæ  баиу уой  Сау Денджызы   плангонд ахуыртæм. Ноджы иу пункты мидæг дзырдæуы, цæмæй  АИШ-æ хъуамæ  сбæлвырд кæна  НАТО-ы   гом дуары  политикъæйæн æмзæрдæдзинад  æмæ  уый  нымæцы Гуырдзыстоны  альянсы  фидæны  уæнг  суæвынæн  йæ фарс кæй   хæцы уый.

Уыйимæ иумæ, документмæ гæсгæйæ,  АИШ  Украинæйæн  250 милуан  доллары  аргъы  æфсæддон  æххуыс  рауæлдай  кæнын  хъавы. Ацы  суммæйæ 50 милуан  нымад  сты  леталон хотыхтыл.