Дипломативон корпус -  фауæм тыхмион лæбурдтытæ æмбæстагон активисттæм, æхсæнады уæнгтæм æмæ журналисттæм, афтæма хицауады лидертæ æмæ аргъуанархайæг уæнгтæ ацы тыхмидзинад кæй нæ бафаудтой  уый
Дипломативон корпус - фауæм тыхмион лæбурдтытæ æмбæстагон активисттæм, æхсæнады уæнгтæм æмæ журналисттæм, афтæма хицауады лидертæ æмæ аргъуанархайæг уæнгтæ ацы тыхмидзинад кæй нæ бафаудтой уый

Гуырдзыстоны фæсарæйнаг дипломативон  корпус Тбилисы абон айтынггонд фæзындты фæдыл  хæлиу кæны  фидиуæн.  Фидиуæны социалон хызщæгты публикаци скодта Гуырдзыстоны Америкæйы Иугонд Штатты  минæварад.

«Австрийы, Болгарийы, Эстонийы, Евроцæдисы цæстдарæг миссийы, Финляндийы, Францы, Германийы, Грецийы, Ирландийы, Израилы, Италийы, Латвийы, Лиетувæйы, Нидерландты, Норвегийы, Испанийы, Швецийы, Иугонд Падзахады, ИНО-йы системæйы Гуырдзыстоны, Америкæйы Иугонд Штатты  минæварады æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы  минæварады иумæйаг фидиуæн  Тбилисы сыххæст тыхмидзинады фæдыл.

Фауæм  абоны тыхмион лæбурд  æмбæстагон активисттæм, æхсæнады уæнгтæм æмæ  журналисттæм  афтæдæр,  хицауады лидерты æмæ  аргъуанархайæг уæнгтæ ацы тыхмидзинад кæй нæ бафаудтой  уый.  Сабыр  æмбырды хайад райсыны бар  гарантиргонд у Гуырдзыстоны конституцийæ.  Тыхмидзинад, нæрайсгæ у æмæ йын сраст  кæнын гæнæн нæй.  Уый чидæриддæр  цырын кæны  кæнæ æртхъирæн кæны  тыхмидзинадæй,  кæнæ  тыхми кæны, кæнæ  хъыг дары Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнджыты сабыр æмæ   æдас уавæр сфитонг кæнын.  Уыдон  тæрхондоны раз хъуамæ лæвæрд æрцæуой  дзуаппмæ, законы  сæйрагдзинад хъахъъхæнгæйæ.   Курæг стæм гуырдзыстоны алы  лидерæй æмæ барадхъахъхъæнæг уагдæттæй  архайæт æнæаргъæвгæйæ  æмæ  бахъахъхъæнæт уыцы æмбæстæгты, кæцытæ  пайда кæнынц  æмбырды æмæ  дзырды  конституцион бартæй, бахъахъæнæт журналистты, кæцытæ  архайынц  сæрибар  прессæйы  принциптæм гæсгæйæ æмæ   æхсæнады раз бафауæт  тыхмидзинад» –  банысангонд у иуæмæйаг  фидиуæны.