Детектив-фæдагурæг   - Гиорги Чъантуриайы хæдзары джигулы фæстиуæгæн ист æрцыдысты конкретон мигæнæнтæ
Детектив-фæдагурæг - Гиорги Чъантуриайы хæдзары джигулы фæстиуæгæн ист æрцыдысты конкретон мигæнæнтæ

Генерал Сосо Кутателадзейы  марындзинады  хъуыддагыл ахст æмæ фæстæдæр ссæрибаргонд  Гиорги Чъантуриайы   хæдзары  джигул  уагъд æрцыд  тæрхондоны барамынды бынудырл – уый фæдыл  журналисттæн  МХМ-ы  детектив-фæдагурæрг  Нукри  Матуа  фехъсын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   хæдзарæй ист  æрцыдысты конкретон  мигæнæнтæ, фæлæ  фæдагуырды интерестæй рацæугæйæ,   йæ бон  сконкрет кæнын нæу  цы  дзаумайы цæуы ныхас.

МХМ-ы детектив-фæдагурæгы ныхæстæм гæсгæ,  цæй зæгъын æй хъæуы   Гиорги Чъантуриайы фатеры  абоны  джигул,  баст у Сосос Кутателадзейы марындзинады хъуыддагимæ.

Тбилисæй  уæлдай,  джигул кæнынц Гиорги Чъантуриайы  хæдзары Руставы.

Тбилисы Мцхетайы уынгыл Чъантуриайы бинойнагы   хæдзармæ бацæуæг  эксперт-криминалисттæ   Фыццаг Каналæн сбæлвырд   кодтой, хæдзары джигул,  тæрхондоны барамынды бындурыл, Сосо Кутателадзейы марындзинады  хъуыддаджы  фæдæвзарæны  фæлгæтты кæй  æххæст кæнынц уый.

Руставы, Хъазбегийы  уынгыл Гиорги Чъантуриайы  хæдзары джигул фыццаг хатт сырæзт 16 январы, адлвокаты информацийæ  ист æрцыдысты   æхсæнгарзы нæмгуытæ.

МХМ=-ы информацийæ,  Сосо Кутателадзейы  марындзинады  равзæрсты  фæлгæтты ахст  Гиорги Чъантуриайы, аххосаг æнæбавдыстæй,  18  январы ссæрибар кодтой.

Руставы Стамбулы базарæй  цы  хонынц, уыцы территорийыл раздæры  депутаты, генерал  Сосо Кутателадзейы   мардæй  ссардтой 15  январы.