Денджызыл æнхъæлмæкæсинаг штормы тыххæй Уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст улæфджыты фæдзæхсы
Денджызыл æнхъæлмæкæсинаг штормы тыххæй Уæлвæтк уавæрты  фæткдар куыст улæфджыты фæдзæхсы

Уæлвæтк уавæрты  фæткдар куыст Сау Денджызы   донбылыл  улæфджыты фæдзæхсы.

Уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты фидиуæны  куыд у банысангонд афтæмæй,   абон денджызыдл æнхъæлмæкæсинаг  у 3-4  баллы   шторм, цæй  тыххæй дæр хинайын тобæгонд у.

«Сау денджызы донбылыл  алы  мæсыггонды сæрты  фæлауы   сырх тырыса. Хъусдардæй ут   тобæгæнæг   нысæнтты æрдæм. Мæсыггондыл  урс тырыса  куы  фæзына,  уыцы цауы  уыдзæн уæгъд  денджызмæ ныххизын. Тобæ  йæ тыхы  уыдзæн  5  августы 10:00 сахаты онг.  Курæг уæ  стæм, бахъахъæнат æдасдзинады фæткæвæрд» –  банысангонд у  уæлвæтк уавæрты  фæткдар  куысты  фидиуæны.