«The Daily Signal» -  Гуырдзыстон, АИШ-ы   фæлтæрд æмцæдисон  у иумæйаг  быцæусидтытимæ тохы
«The Daily Signal» - Гуырдзыстон, АИШ-ы фæлтæрд æмцæдисон у иумæйаг быцæусидтытимæ тохы

Гуырдзыстон  у  Америкæйæн   фæлтæрд   æмцæдисон  иуæймаг быцæусидтыты  ныхмæ  тохы,  –   ахæм сæргондæй   стати  публикаци кæны  «Дейли Сигнал».

Публикацийы  мидæг автор куыд банысан кодта, уымæ гæсгæйæ,   Гуырдзыстон зæгъгæ бирæ критикон  глобалон   фарстайы АИШ-ы  ахсджиаг  партнер у  Хуссар Кавказы  регионы.  Рауагъдад фыссы,  цæмæй   Гуырдзыстон  Ирак æмæ   Афгъанистанмæ, мингæй æфсæддоны арвыста, абон та  бæстæ  АИШ-ы  партнер у  Ковид-19  пандемиимæ  тохы.  Ацы партнерады  сегасдæр сæйраг роль  æххæст кæны   Ричард Лугары номыл  æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды  центр.

«АИШ-ы  финансгонд  иртасæг  лаборатори Гуырдзыстоны  сæйраг горæты æддаг сыхы   ис æмæ  йæ  нысан у, регионы   низты  апарахат маруадзын  æмæ советон цæдисы  биологион  хæсты программæйæ  баззайæг   мæлæтхæссæг   патогентимæ  тох  кæнын. 2013 азы  бындурæвæрд  лаборатор, коронавирусимæ  тохы  скуыддзаггæнæг ресурс у.  Уым 24  сахатæй  къаддæр  æмгъуыдмæ  сæдæгай  хуызагы  тест ауадзынц. Регионæн  уникалон,  иттæг ног технологион фæрæзтæй ифтонггонд Лугары  лаборатори, коронавирусы иртасны  æхсæнадæмон аренæйыл дæр   нысаниуæгджын хайбавæрд кæны», –  дзырдæуы  статийы.