Давит Залкалиани, Урс Хæдзары администрацийы хистæримæ, Гуырдзыстон-АИШ-ы ахастытæ æркастысты
Давит Залкалиани, Урс  Хæдзары администрацийы хистæримæ, Гуырдзыстон-АИШ-ы ахастытæ æркастысты

Дины сæрибары  фарстатæн нывонд   министериалы  фæлгæтты,  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр  Давит Залкалиани   Урс Хæдзары  администрацийы хистæримæ, Мик Майлвейнимæ фембæлд.

Фембæлдыл  Давит Залкалиани æмæ  Мик Майлвейн   райгондæй  банысан кодтой   Урс Хæдзары  архайæг   администрациимæ  уæвæг  бæрзонд æмвæзады  ахастытæ æмæ Гуырдзыстоны æрдæм  хъæддых  фарсхæцынад,  кæцы  фæбæрæг ис  куыд бæрзонд æмвæзады  визиттæй, афтæдæр   хъахъхъæнынады  æмæ æдадсзинады сферæйы  фæтыхджындæргонд  æмггуыстады  æмæ  дыууæ бæстæйы  æхсæн  экономикон   цæдисты  фæфидардæр кæныны æрдæм къахдзæфтæй.

Бахахх ис, Гуырдзыстон-Америкæйы  стратегион  партнерад, кæцы АИШ-ы  архайæг администрацийы  периоды   сегасæй бæрзонддæр  нысаныл нылæууы.  Администрацийы къухдариуæггæнæг раарфæ кодта гуырдзиаг фарсæн   дины  фарстатæм нывонд  министериалы хайады  райсыны тыххæй,   кæцы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы   патронажæй  нырид дыккæгæм хатт цæуы.

Информацийы  хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  пресс-куыст.