Давит Залкалиани – Скæсæн Партнерад Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æхсæн дæрццæг нысаниуæгджынæй фæкъаддæр кодта
Давит Залкалиани – Скæсæн Партнерад Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æхсæн дæрццæг нысаниуæгджынæй фæкъаддæр кодта

Скæсæн Партнерады  10 азы юбилеймæ  гæсгæ, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр   Давит Залкалиани, публикаци скодта  статий рауагъдад  «Евроактивы» (Euroactive) .

Министры фидиуæнæй,Скæсæн Партнерады  10-æм азы  сæр –  сеппæтæй   хуыздæр фæрæз у  Гуырдызстнæн ацы датæйы  политикъон  сконды æмæ нысаниуæг аргъ скæнынæн.

Министр куыд дзуры,  афтæмæй,   Скæсæн партнерад  фыццаджы дæр  у, нывфсджын,  новаторон æмæ  политикъон инициативæ,  кæцы  æхсæз дæр партнер бæстæйы, сæ  инцдивидуалон   приоритетты,  амбициты æмæ  старты  позицитæм  æмбæлгæйæ, евроцæдисимæ æрыввахс  кодта.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады  информацийæ, статийы   министр   хъусдард раздæхта  уыцы  конкретон    пайдайыл,  кæцыйы Гуырдзыстон ацы инициативæйы  фæлгæтты райста.  Сæрмагондæй  та, Залкалиани   нысан кæны, цæмæй  фæстаг  дæс азы дæргъы, Гуырдзыстон  Евроцæдисы  æввахсдæр стратегион партнерæй  ссис. Уымæй дарддæр ма,   абон   Гуырдзыстонæн  Евроцæдисимæ ис  уæгъдибар  базарадон режим,  æнæвизæ  дыууæрдæм змæлд æмæ  Евроцæдисы рæнхъ программæты æмæ агентадтимæ  æмгуыстады  фадат.

«Дæрццæг Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  нысаниуæгджынæй  фæкъаддæр ис.  Ратсдæр уый  тыххæй  Скæсæн Партнерад фыццаджы дæр, Евроцæлдисы æмæ  йæ скæсæйнаг партнерады æхсæн,  куыд физикъон, афтæ   политикон  дæрццæг фæкаддæр кæнын дары йæ хъуыдйы», – фыссы   фæсарæн хъуыддæгты министр.

Залкалиани куыд банысан кодта, афтæмæй  зæгъгæ Гуырдзыстоны  нысан у,  адарддæр кæна   Евроцæдисы  уæнг суæвыны æрдæм тырнын  æмæ спайда кæна  алы  уæвæг  фадатæй  æмæ инструментæй ацы нысанмæ æрцæуынæн.

Министр  хаххгондæй  нысан кæны, цæмæй  ацы   мысан гуырдзиаг адæмы  суверенон æмæ  цивилизгонд барæвзар у, кæцы   никæй ныхмæ у здæхт.

«Иннæрдæм,  уый йæ хъуыдыйы  дары нæ  ивгæ  регионы  сабырады, хæрзиуæгы æмæ  демократийы   ареал  ауæрæх кæнын, кæцы алкæмæн дæр  пайдаджын уыдзæн æмæ  æхсæнадæмон æдасдзинады æмæ стабилондзинады  разæууæл у»,-дзырдæуы  статийы.

«Евроактивы» (Euroactive) Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министры статий  Батумы  æхсæнадæмон  конференцийы  «Аргъджын  партнерады 10 аз – рацæугæ фæндаг  æмæ перспективæтæ»   райдаыны  онг  æрцыд публикацигонд.  Конференцийы  хайадисджытæ  Скæсæн Партнерады  рацæугæ  10  азы аргъ скæндзысты æмæ фидæны  плæнттыл æрныхас кæндзысты.