Давит Залкалиани  парламенты, «министры сахаты» форматы  15-18  октябры пленарон  рабадтыты къуырийы ралæудзæн
Давит Залкалиани парламенты, «министры сахаты» форматы 15-18 октябры пленарон рабадтыты къуырийы ралæудзæн

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани  парламенты, «министры сахаты» форматы,  15-18  октябры пленарон  рабадтыты къуырийы ралæудзæн.

Уый фæдыл  бюройы   абоны рабадтыл   парламенты  сæрдар Арчил Талакъвадзе  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, оппозицийы  æркуырд уыд, цæмæй  Залкалиани   парламентмæ  бацыдаит  æмæ   фарстытæн раттаит дзуапп.

«Ай  у  демокративон   къахдзæф,  цæмæй   министры  сахаты – ранывæзт  афтæ ивд цæуы, цæмæй Залкалиани  бадзырдæй  раздæр   ралæудзæн  депутатты  раз», – райхъусын кодта Талакъвадзе.