Давит Залкалиани – Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл сырæзт уавæрæн  æнæаргъæвгæйæ хъæуы  æхсæнадæмон  дзыллæйы æрдгæй реакци
Давит Залкалиани – Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл сырæзт уавæрæн æнæаргъæвгæйæ хъæуы æхсæнадæмон дзыллæйы æрдгæй реакци

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министры  фыццаг  хæдивæг   Давит Залкалиани, Европæйы Советы  министрты хæдивджыты комитеты   рабадтыл,   афæлгæста оккупацигонд Гуырдзыстны регионты   сырæзт уавæр.  Давит Залкалиани   дзырдæй ралæууыд  комитеты  1314-æм рабадтыл, кæцыйыл æруынаффæ кодтой  инæралон нымæрдары  хыгъдлæвæрд  «Конфликт Гуырдзыстоны».

Цæугæ азы  18 апрелы,   Европæйы Советы  министрты хæдивджыты комитеты 1314 рабадтыл æркастысты  инæлар-нымæрдары  17 консолидацигонд   хыгъдлæвæрд  «Конфликт Гуырдызстоны.

ЙÆ ралæуды Давит Залкалиани   хъусдард раздæхта, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл  адæймаджы барты æрдгæй уæвæг уæззау  уавæр  æмæ   уæрæсейаг оккупацион   тыхы архæйдтытæ, кæцытæ фæстаг рæстæджы сæххæст сты.  Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд   Арчил Татунашвилийы  марындзинады хъуыддагыл  æмæ  банысан ис, цæмæй хъыгагæн  зæгъгæ уый нæу иунæг   ахæм цау,   Гуырдзыстоны ноджы иу æмбæстаг, Гига Отхозориайы дæр  афтæ  амардтой оккупацион хаххы  цур.

Йæ ралæуды   фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг,   афæтæдæр фæныхас кодта, Уæрæсейы æмæ  оккупацигонд Абхази æмæ  Цхинвалы регионтимæ  къубафыст    а.х.   бадзырты фæдыл дæр.

Йæ  хъусдард   афтæдæр   раздæхт   а.х.  бордеризацийы процессы æрдæм,  оккупацион хаххы дæргъмæ уæвæг   ауадзæн пунктыты  æрыхкæды æмæ  æнæзакъонон ахстыты, афтæма  таможнæты   пунктыты  Сухум æмæ  Ахалгоры   æрбайгомы,  æмæ этникон гуырдзиæгтæн  а.х.  цæрыны баргæххæты  тыхбын раттыны æрдæм.