Давит Залкалиани – Америкæйы хъахъхъæнынады нымæрдары визит нæ бæстæйы территорион æнæхъæндзинады, евроатлантикон  интеграцийæн дырыс  фарсхæцыны радон демонстраци у
Давит Залкалиани – Америкæйы хъахъхъæнынады нымæрдары визит нæ бæстæйы территорион æнæхъæндзинады, евроатлантикон интеграцийæн дырыс фарсхæцыны радон демонстраци у

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр Давит Залкалианийы  фидиуæнæй,   Америкæйы хъахъъæнынады  нымæрдары  Гуырдзыстонмæ  плангонд  визит  историон у  æмæ  хахх кæны, цас нысаниуæгджын  у Америкæйы Иугонд Штаттæн  Гуырдзыстонимæ  стратегион партнерад.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  сæм ис  æнхъæлц, цæмæй  визиты фæлгæтты   плангонд  фембæлды рæстæджы  æркæсдзысты  куыд  дыууæфарсон  æмгуыстад фæарфдæры фарстатæ, афтæ  регионон æдадсзинады æмæ  Гуырдзыстоны цæгататлантикон  альянсмæ интеграцийы процессимæ баст  темæтæ.

«Гуырдзыстон Америкæйы иузæрдыг  æмцæдисон  æмæ партнер у  куыд регионы, афтæ æхсæнадæмон  æдадсзинад сфидар кæнынмæ тыхархайды.  Гуырдзиаг æмæ  америкаг  æфсæддæттæ  азты  дæргъы  фæрсæй-фæрстæм  службæ  кæнынц  Дунейы  бирæ  тæвд рæтты, уый нымæцы Афгъанистаны  æмæ  æнæсбаргæ  хайбавæрд кæнынц  евроатлантикон  æдасдзинады  сфидар кæныны. Ацы бирæазон  фæлтæрддзинады, æфсæддæтты  æхсæн  уæвæг   фидар  ахастыты  æмæ   нæ  иумæйаг  æнтыстыты  бындурыл, ацы  визит нысаниуæгджынæй  ахъаз уыдзæн  бæстæты æхсæн уæвæг   партнерады фæстæ  сфидар кæнынæн  æмæ фæарфдæр кæнынæн.   Цæй  зæгъын æй хъæуы,  визиты деталтыл  кусын  ацы минутты дæр  цæуы, фæлæ  нын ис æнхъæлц цæмæй  визиты  фæлгæтты   плангонд  фембæлдтыл,  æркæсдзыстæм  куыд  дыууæфарсон  æмгуыстад фæарфдæры фарстæтæ, афтæ  регионон æдадсзинад æмæ  Гуырдзыстоны  цæгаталантикон  альянсмæ интеграцийы процесс» – райхъусын кодта Давит Залкалиани.