Давит Залкалиани - АИШ-ы хъахъъхæнынады авторизацийы акты Гуырдзыстоны ныффыстæй бæлвырд у, цæмæй Гуырдзыстон у АИШ-ы политикон боны фæткы тынг раззаг позицитыл ис
Давит Залкалиани - АИШ-ы  хъахъъхæнынады  авторизацийы акты Гуырдзыстоны  ныффыстæй бæлвырд  у, цæмæй Гуырдзыстон  у  АИШ-ы  политикон  боны  фæткы  тынг  раззаг позицитыл ис

АИШ-ы  националон  хъахъъхæнынады  авторизацийы  акты  Гуырдзыстоны   ныффыст ахæм  бæрцæй  æмæ   ахæм хуызæй  фыццаг хатт фæзындис –  уый фæдыл  журналисттæн  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министр, Давит Залкалиани  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   фæнысангонд  ныффыст  уæвындзинад  иттæг  хорз фæзынд у  æмæ   бæлвырд кæны АИШ-ы  Конгрессы  хъæддых  дыууæпартион  æнцойад  Гуырдзыстонæн.

«Уымæй  бæлвырд  у, цæмæй Гуырдзыстон  у  АИШ-ы  политикон  боны  фæткы  тынг  раззаг позицитыл. Нысаниуæгджын у  банысан кæнын уый дæр,   цæмæй  Гуырдызстоны   æдасдзинад  комкоммæ  баст у  Европæйы  æдадсзинадимæ æмæ  иннæрдæм дæр афтæ.  Афтæдæр  хъуамæ  банысан кæнæм  цæмæй  ацы акты, дзырдæуы  НАТО-ы  гом дуары  политикæйы фæдыл.  Комкоммæ  æнцойад ис Гуырдзыстон НАТО-мæ интеграцийæн.  Бахыгъд кæныны хуызæй  зæгъæн ис, цæмæй   ацы  актæй  Америкæимæ  хъахъхъæнынады æмæ   æдадсзинады  сферæйы æмкуыст кæнынад   хизы  бынтон  æндæр æмвæзадмæ,  кæцы  æнцойæвæрд у  куыд  æххæстгæнæг,  афтæ  закъондæттæн æмвæзадыл» – банысан кодта Давит Залкалиани.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министры  ныхæстæм гæсгæ,   гуырдзиаг  фарс  æнхъæлмæ кæсы  цæмæй, практикон кахдзæфтæ,  кæцытæ  ныридæгæн сæххæст сыт  Гуырдзыстоны æрдæм,  хæдиргъæвæн  фадæтты  фæтыхджындæр кæныны  æрдгæй,  адарддæр уыдзысты фæдылдзог   практикон къахдзæфтæй.

АИШ-ы   хъахъхъæнынады  авторизацийы акты  проекты,  Гуырдзыстон кастæуы  АИШ_ы  æмцæдисон  æмæ  патрнерæй.