Давит Залкалиани АИШ-ы  хайад райсдзæн  религийы  сæрибардзинадЫ æнвонд министериалы
Давит Залкалиани АИШ-ы хайад райсдзæн религийы сæрибардзинадЫ æнвонд министериалы

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр  Давит Залкалиани, Америкæйы Иугонд Штатты  паддзахадон нымæрдар Майк  Помпеойы  сæрмагонд  хуындæй  абон АИШ-æ   абалц кæнДзæн, цы ран  хайад райсдзæн   религий  сæрибардзинады  фарстатæм нывонд  министериалы.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады  пресс-куысты  хъусинагæй, Вашингтоны  плангонд  мадзалыл  АИШ-ы  паддзахадон  департамент паддзахадон нымæрдары, Майке Помпеойы  разамындæй,  сфысым кæндзæн   хицауадты æмæ  æхсæнадæмон организациты  минæвæрттæн,  религион къаддæртæн æмæ æмбæстагон  активисттæн  дунеы  алы  ранæй.   Министериалыл   æркæсдзысты  нырыккон дунейы  раз  уæвæг   быцæусидтытæ, религион  æнбыхсондзинадимæ æмæ дискриминациимæ  тохы  фæндæгтæ.

Министериалы фæлгæтты  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министр  ауадздзæн дыууæфарсон  фембæлдтæ  йæ фæсарæйнаг коллегæтимæ.

Визиты рæстæджы  18  июлы   Вашингтоны  Гуырдзыстоны минæварады Гуырдзыстоны æмæ Миназы Быцæсидты  Корпорацийы (МСС)  æмкуысткæнынады æмæ  партнерадмæ нывонд  райст сырæздзæн.