Давит Залкалиани, абон хайад райсдзæн  «Скæсæн  Партнерады»  фæсарæн хъуыддæгты  министериалы  Люксембургы
Давит Залкалиани, абон хайад райсдзæн «Скæсæн Партнерады» фæсарæн хъуыддæгты министериалы Люксембургы

Гуырдзыстоны  фæсарæн   хъуыддæгты министр  с.

ФЕмбæлд æддæ хъуыддæгты æмæ  æдасдзинады  политикæйы  фарстаты   Евроцæдисы  бæрзонддæр   минæвары,  еврокамисы  вице-президенты  Федерика Моггерини æмæ   Еврокамисары  Европаг  сыхагон  политикæйы  æмæ  ауæрæхы  фарстаты  Йоханнес Ханнимæ  сырæздзæн.  Фембæлдыл  афтæдæр райсдзысты  хайад    Евроцæдисы    уæнг паддзахадты  æмæ   «Скæсæн Партнерады»  уæнг бæстæты  минæвæрттæ.

Фембæлды фæлгæтты фæрстæ  хъусдард раздахдзысты   2017 азы  24 ноябры  Брюсселы   уагъд  «Скæсæн Партнерады»  самиты фæдылдзог  фæстиуджыты æрдæм  æмæ   фæуынаффæ кæндзысты   æмкуысткæнынады   дарддæр  фæарф кæныны  амæлттты  æмæ   фидæны  перспективæтыл.

Министериалы фæлгæтты  афтæдæр плангонд у  министры  дыууæфарсон  фембæлдтæ  Евроцæдисы институтты   бæрзонд рангы  æмæ   уæнг  бæстæты  минæвæрттимæ.

16 Октябры та   сырæздзæн  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министры визит  Брюссельмæ, кæцйы фæлгæтты   плангонд сты фембæлдтæ  Европарламентартимæ.