Давит Дондуа – Уæрæсе йæхи аиуварс кодта  конструктивон   уынаффæйæ  æмæ фарсты бын бакодта  Женевæйы  дискусситы  фундаментон принциптæ
Давит Дондуа – Уæрæсе йæхи аиуварс кодта конструктивон уынаффæйæ æмæ фарсты бын бакодта Женевæйы дискусситы фундаментон принциптæ

Тыхæй æнæспайдайы фæдыл   иумæйаг    фидиуæнты   фæдыл  Уæрæсе йæхи аиуварс кодта   конструктивон   уынаффæйæ,  цæмæй дæр фарсты бын бакодта  уыцы  фундаментон   принциптæ,  кæцытыл  бындурæвæрд  сты Женевæйы бадзырдтæ – уый фæдыл журналисттæн, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Давит Дондуа загъта Женевæйы бадзырдты  фæуды фæстæ.

«Нысаниуæгджын  фарст,  кæцыйы æркастыстæм  у тыхæй æнæспайдайы фæдыл, æмхайадисджыты  иумæйаг  фидиуæн.  Нырма  ноджы боны фыццаг æрдæджы,   цалынмæ ацы фарсты кæсын райдыдтам,  Уæрæсейы  минæвæрттæ  сарызтой   цалдæр ахæм фидиуæн,  кæцытæ здæхт уыдысты  уыцы æрдæм, æмæ   боны  дыккаг æрдæджы  ацы фарстыл   лæмбынæг  уынаффæ  мауал сызтаит æмæ  реалонæй   афтæ æрцыд –  уыдон сæхи аиуварс  кодтой   конструктивон уынаффæйæ  æмæ  фарсты бын бакодтой  уыцы фундаментон  принциптæ, кæцытыл   бындуриуæг кæнынц Женевæйы бадзырдтæ.  Уый фæстæ  иумæйаг фидиуæнтæм гæсгæ,  лæмбынæг  уынаффæ райдаын зын уыдис.  Ацы æрдгæй,   ацы раундыл  ницы æнтыст федтам» –  расидтис Дондуа.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   тыхæй æнæспайдайы фарстыл  уынаффæ адарддæр уыдзæн.

«Уынаффæ адарддæр  уыдзæн,  уæдмæ цалынмæ   нæ  сырæздзæн  ахæм фидиуæн,  текст æмæ цæттæдзинад,  цæмæй  алцыппæт ай  гæххæттæй  ахиздзæн практикæмæ,   уæдмæ цалынмæ сæ зæрдыл нæ бадардзысты нæ алы  приоритет,  кæцыимæ разы  сты æхсæнадæмон  организацитæ,  кæцытæ æмсæрдар кæнынц  ацы форматæн» –  райхъусын кодта  Давит Дондуа.

Æхсæнадæмон бадзырдты  43-аг раунд Женевæйы  27-28  марты  ацыд. Гуырдзыстоны  делегацийæн къухдариуæг кодта  фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг  Давит Дондуа.  Æхсты фæурæды фæдыл  тексты  бакусынæй уæлдай,   дискусситы  сæйраг темæ уыдис  Арчил Татунашвилийы   марындзинады  факт.

Григорий Карасин  фембæлды  фæстæ  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   Женевæйы дискусситы  хайадисджытæ зæгъгæ,  тыхæй æнæспайдайы фæдыл бадзырды  текстыл  разыдзинадмæ не рхæццæ сты.