Давит Бакрадзе хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ  сабыр протест  уæдмæ  дарддæр кæндзæн, цалынмæ хицауад  кризис æрнымæг кæнынæн, конкретон къадзæфтæ нæ сараздзæн уæдмæ
Давит Бакрадзе хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ сабыр протест уæдмæ дарддæр кæндзæн, цалынмæ хицауад кризис æрнымæг кæнынæн, конкретон къадзæфтæ нæ сараздзæн уæдмæ

«Лейбористон Партийы» офисы  оппозицион  партиты  фембæлд  фæцис.   Политикъон  тыхтæ, кæцытæ бæстæйы   пропорцион   æвзæрстытæ   ауадзын  домынц,  ноджы иу  хатт  æркастысты  архайадон план æмæ детæлттыл   æрныхас кодтой.

Фембæлды  фæуды фæстæ   медийæн   «Европаг Гуырдзыстоны»   иуæй-иу лидер   Давит бакрадзе   куыд фехъусын кодта афтæмæй,    партитæ зæгъгæ  æрныхас  кодтой   цæмæй  сабырадон протест  адарддæр уыдзæн   уæдмæ, цалынмæ   хицауад  йæ  цæстытæ нæ ракæса æмæ кризис аскуыддзагæн   конкретон къахдзæфтæ  нæ сараздзæн уæдмæ.

«Сом 19:00 сахатыл сырæздзæн æмбырд   Республикæйы фæзыл, кæцæй дæр сабырадн   цыдæй   ахиздзыстæм  парламенты  цурмæ.   Акцийы   хайадисджытæ   æнæхъæн æхсæвы   дæргъы   баззайдзысты    парламенты  цур  æмæ   адарддæр уыдзæн   дыццæджы   сæумæрайсом дæр.   Ай  уыдзæн æнæхъæнæй  сабырадон  акци.  Уымæй  уæлдай ма,  ацæудзæн    цысыл акцитæ   æндæр  æмæ æндæр нысаниуæгы   рæтты,  локацитыл. Афтæмæй   уыдзæн æвдыст  уый, цæмæй   ацы  бæстæйы  змæстытæ æрбахаста   хицауады  гæдыдзинад  æмæ  сабырад та  æрхæсдзæн, пъæлицæй æмæ спецназты æххуысæй  оппозици æмæ адæмы  æркуырды  игнор нæ фæлæ     крзисæй раæцæуæны  бацагуырд»- райхъусын кодта  Бакрадзе   журналисттимæ ныхасы.