Давит Бакрадзе  хицауадмæ æрсидтис  бадзырд сæххæст кæнынмæ
Давит Бакрадзе хицауадмæ æрсидтис бадзырд сæххæст кæнынмæ

«Европаг Гуырдзыстоны» уæнгы, Давит Бакрадзейы,  ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ хицауад  æрмæст æвзарæнон  пропорциты хайы кой  кæны, конституцион  бадзырд, политикъон сурын фæурæды æмæ  лидерты  ссæрибар кæнын куы домы,  уæд.

Афæтма  йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ «Гуырдзиаг Бæллицц»  абон  хъуамæ æмбарит,  цæмæй  бадзырд æрдæгæй  сæххæст кæнын  гæнæн нæй.

«Мах дæр æмæ нæ  фæсарæйнаг партнертæ дæр   ацы  бадзырд нымайæм, куыд  дыууæ  элементæй  скæнгæ иу  æнахъæн афтæ – политикъон сурын  ауромын æмæ  æвзарæнон  пропорцитæ.  Бардзырд  сæххæст нысан кæны уый  æмæ дыууæдæр элемент  хъуамæ сæххæст уа.  Æрмæст йе рдæджы  сæххæстæй  бадзырд   кæронмæ æххæстыл  банымайын нæй гæнæн», –  райхъусын кодта Давит Бакрадзе, кæцы  «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» æрсидтис,  бадзырды  дыууæдæр хайы  кой  кæной, науæд  та  æрмæст æвзарæнон   пропорциты  хайимæ не сразы  уыдзысты.