Давит Бакрадзе – АИШ-ы позици скуыддзаггæнæг у Уæрæсейæн бæлвырд сигнал арвитынæн, цæмæй Гуырдзыстоны ныхмæ йæ политикæ нæрайсгæ у
Давит Бакрадзе – АИШ-ы  позици  скуыддзаггæнæг у Уæрæсейæн бæлвырд  сигнал  арвитынæн,   цæмæй  Гуырдзыстоны  ныхмæ йæ  политикæ  нæрайсгæ у

Уæрæсейæ  хъауджыйæ,  Гуырдзыстоны архæйдтытæ 2088 азы   æхсты фæурæды   бадзырдмæ  æххæстæй  æмбæлон сты,   мах бæлвырд кæнæм  тыхæй  æнæспайдайы принципæн фарсхæцын æмæ аналогионмæ æнхъæлмæ кæсæм  Уæрæсейы  Федерацийæ – уый  фæдыл  АИШ-ы  Гуырдзыстоны  минæвар  Давит Бакрадзе,  АИШ-ы  сенаты, Европæйы æдасдзинады æмæ   æмгуыстады   камисы  (Хельсинкийы  камисы)  рабадтыл дзырдæй ралуды рæстæджы   загъта,  кæцыйыл  Уæрæсейы  æрдгæй  Гуырдзыстоны  оккупацийы  фæдыл æртыккаг раныхас  бавдыста.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстон,  Уæрæсейы  æрдæм   диалогыл ориентацигонд  политикæ  уадзы,  кæцыйы  нысан у  уавæры деескалаци.

Минæвар  Гуырдзыстоны  хицауады сабырадон инициативæйыл сцырын кодта  йæ хъусдард.

«Баиу уыны  æмæ  бастдзинады  политикæ   махæн приоритетæй  зайы,  æмæ   ацы тыхархайды  ноджы  фæтыхджындæр кодтам   ног сабырадон инициативæйы фæлгæтты,  ног фæрæзты   бавдисынæй,  кæцы у  хуыздæр  фидæны æрдæм  къахдзæф» –   загхта Давит Бакрадзе.

ЙÆ аргълæвæрдæй,   конфликты   сабырадон    срегулир кæныны   процессы æнтыстмæ рæцæуыны тыххæй,  скуыддзагæнæг у  æхсæнадæмон  фарсхæцынад  æмæ   АИШ-ы   куыд  Гуырдзыстоны  стратегион партнеры  æмæ Женевæйы  дискусситы  хайадисæгæн,   ацы   процессы  егъаунысаниуæгджын рол ис.

«Мах аргъ кæнæм  АИШ-Гуырдзыстоны  партнерадæн æмæ   Гуырдзыстоны  æдасдзинад æмæ стабилондзинады  хъуыддаджы АИШ-ы   хайбавæрдæн.  Политикон æмвæзадыл Гуырдзыстонæн АИШ-ы   хицауады,  Конгресс æмæ  администрацийы уæрæх  дыууæпартион  æнцойад ис. АИШ-Гуырдзыстоны   дыууæфарсон ахастытæ  никуы  уыдысты  амæй  фидардæр  æмæ   ацы  ахастытæ  ноджы  тыхджындæр кæны  нырыккон администрацийы   уавæрты,  кæцы  иуæгндзонæй  бæлвырд кæны   сæрмагонд позицийы  Уæрæсейы  æрдгæй   Гуырдызстоны   регионты оккупацийы  æмæ   Гуырдзыстоны  НАТО-мæ интеграцийæн фарсхæцынмæ гæсгæ» –  райхъусын кодта  Давит  Бакрадзе.

Афтæма, йæ  ныхæстæм гæсгæ  АИШ-ы   Конгресс  æргомæй  дзуры  Гуырдзыстонæн нысаниуæгджын  фарстатыл.

«Афон у,  ацы политикон  фарсхæцынад  айрæза практикон   къахдзæфтæм  мæ  бæстæйы  æхсты  фæурæды  бадзырды  сæххæст  кæнын æмæ   æппæтылæххæссæг  сабырадон   æрбиноныгы  срæвдз кæнынæн»-  банысан кодта АИШ-ы  Гуырдызстоны  минæвар.

Афтæма  йæ аргълæвæрдæй,  фæдфæдондзинадæй æмæ   куыстæй  ис  гæнæн, Гуырдзыстоны хъæддых  сабырад  æмæ æдасдзинады æрфидар  кæнын.

«Уый фæдыл  мæ  фæнды  банысан кæнын  æхсæнадæмон аренæйыд  æмæ  АИШ-ы  Уæрæсейимæ диалогы  рæстæджы  конфликты  сабырадонæй  аскуыддзагы  фарста  слæууын кæнын æнæмæнгхъæуæгдзинад. АИШ_ы   хъомысджын  кухдариуæгад  иттæг нысаниуæгджын у  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  конфликты  аскуыддзагы  хъуыддаджы прогрессмæ куыд æрхæццæ уæм уымæн. Махæн цæрынæн   нысаниуæгджын  у, цæмæй  æхсæнадæмон   дзыллæ   йæ  цæст ма  бацъынд кæна  Уæрæсейы  агрессивон архæйдтытыл  оккупацигонд Гуырдызстоны  территоритæм  гæсгæ» бафтыдта ма Давит Бакрадзе.

Афтæдæр йæ  ныхæстæм гæсгæ,   æхæнадæмон дзыллæ, æмæ сæрмагондæй  АИШ-ы  хъæддых позици  скуыддзагæнæг  у  Уæрæсемæ  дырыс сигнал раттынæн, цæмæй  Гуырдзыстоны  суверенитет  æмæ территоритон æнæхъæндзинады ныхмæ йæ  политикæ  нæрайсгæ  кæй  у  уый  тыххæй.