Цыппар сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ  æртæ  бронзæ  Францы гран-прийыл
Цыппар сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ æртæ бронзæ Францы гран-прийыл

Францы  горæт  Ницайы  цæугæ   Анри Деланы  номыл  радæй  47-æм гран-прийы  фæлгæтты  ерысыл абон  Гуырдзыстоны  уæгъдибар хъæбысæйхæцджыты  æмбырдгонд  ерыс кодта.  Турнирыл  Гуырдзыстоны æмбырдгонды  номæй  дæс  спортсмен  рацыд, кæцытæй  Бека  Ломтатидзе (61 кг), Зураб Икобишвили (70 кг),  Ника  Кенчъадзе (79кг) æмæ Гено  Петриашвили (125 кг)   сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой, æрмæст Давит  Тълашадзе (74 кг)  æмæ Гиви  Мачъарашвили (97кг)  æвзист  майдантыл фæхæст сты.

Гуырдзыстоны  æмбырдгондæн  бронзæ  майдантæ  та  æрхастой  Владимер Хинчегашвили (65кг), Бека Бучъиашвили (57 кг)  æмæ  Ираклий Цъитури (92 кг).  Ерысыл  æнæмайданæй  баззад æрмæст Давит Марсагишвили, кæцы бронзæ майданæн  тохы  фембылд ис.