Цы нысан кæны æппæтадæмон карантин – Гиорги Гахариайы хъусинаг
Цы нысан кæны æппæтадæмон карантин – Гиорги Гахариайы хъусинаг

Хицауад,  уæлрадон уавæры фæлгæтты  мадзæлттæ  нысаниуæгджынæй  фæкарз кæныны фæдыл скуыддзаг рахаста, кæцы  сом сæумæрайсомы  08:00  сахатæй  скусдзæн- уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер –министр  Гиорги Гахариа,  коронавирусы фæдыл архайæг   æхсæнуагдонон   коордиацион советы  рабадты  фæуды фæстæ, лæвæрд брифингыл  райхъусын кодта.

Рабадт абон  уæрæх  форматæй ацыд æмæ уым советы  уæнгтæй  уæлдай ма,  сæйраг горæты мэр, министрты  кабинеты уæнгтæ æмæ  низты  контролы  къухдариуæггæнæг  уæнгтæ  истой  хайад.

«Рахастам уынаффæ   уæлрадон  уавæры  фæлгæтты  мадзæлттæ  нысаниуæгджынæй  фæкарз кæныны фæдыл.  Хъусын кæнæм  фактиконæй,  хаххгондæй йæ   нысан  кæнын – фактонæй, æппæтадæмон  карантин, кæцы  сом  сæумæрайсомы  08:00 сахатæй райдайдзæн.  Ацы  карантин нысан кæны:

Æххæстæй  тобæ  кæны  метройæ  æмæ кæцыфæнды  типы  æхсæнадон  транспортæй  змæлын,  куыд горæтты æмæ   муниципалитетты  мидæг, афтæ  горæтты æхсæн.

Уæгъд  уыдзæн  æрмæстдæр  рог хæдтулгæтыл (сæ нымæцы такситыл) балц, æрмæстдæр  уыцы цауы, кæд  æххæст уыдзæн  æнæнизхъахъхъæнынады  министрады  рекомендаци  æмæ автомобилы  уыдзæн æрмæст 3  адæймаг, уый нымæцы,  æрмæстдæр уыцы  цауы,  кæд   дыууæ адæймаг баддзæн фæстаг бадæныл.  Уый у  иттæг нысаниуæгджын  рекомендаци, кæцыйы æнæсæххæсты  цауы, æмбæлон  паддзахадон  оргæнтæ  райсдзысты  хъæугæ  скуыддзæгтæ.

Афтæма,  бæлццæтты  ласын бар уыдзæн æрмæстдæр  стратегион  нысаниуæгы  объектты  кусджыты  организацигондæй æмæ æдасæй ласыны нысанæн.

Тобæ кæны  æртæйæ  фылдæр адæймагы  æмбырд, продуктон дуканитæй  æмæ афтектæй уæлдай,  кæцы рæтты æнæмæнгхъæугæ у, дыууæ метры дæрццæфгомау  социалон дистанийы уаг æххæст кæнын.

Афтæма, хицауады  барлæвæрдæй амалиуæгадты куысты  фæтк хицæнæй  уыдзæн фыст  æмæ  сæм уыдзæн хицæн  протоколтæ, æнæнизхъахъхъæнынады  министрадимæ æрæмдзыхæй. Мах ацы мадзæлттæ  æххæст кæнæм, цæмæй экономикæ  адарддæр кæна  кусын æмæ уыцы  потенциал, кæцы Гуырдзыстоны экономикæмæ ис, бынтон урæд ма рцæуа, уый тыххæй. Афтæдæр кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй цæмæй  не ‘мбæстæгтæ  максималонæй  бахъахъхъæной сæ  кусæнуæттæ.

Фæтобæ  уыдзæн  70 азæй хистæрдæр  æмбæстæгтæн дуармæ рацæуын уыцы   цаутæй  уæлдай, уыдон куы фæцæуынц æввахсдæр  продуктон дуканитæм, хæстæг афтектæм кæнæ  медицинон уагдонмæ.

Уыцы  цауы, кæд æмæ   70 азæй  хистæрдæр æмбæстæгтæ, иунæджытæ  сты, уæд æнæнизхъахъахъхъæнынады æмæ  экономикæйы министрадтæ, афтæдæр  бынæттон муниципалитеттæ,   хæсджын сты  ахæм æмбæстæгтæн баххуыс кæной.

Сегасæй  нысаниуæгджын – Уæлрадон уавæры  æмгъуыдæй фидар кæны  фактиконæй æххæст карантин.  21:00 сахатæй тобæ кæны  куыд фистæгæй, афтæ –  транспортон  фæрæзтæй  горæтты мидæг  æмæ  бæстæйы  масштабæй  змæлд сæумæрайсомы  06:00  сахаты онг.  Фактиконæй  ноджы иу  хатт хаххгондæй  банысан кæндзынæн фактиконæй  ай нысан кæны, ома бæстæйы масштабæй, 21:00 сахатæй  сæумæрайсомы  06:00 сахаты онг,  коменданты  сахат кæй  архайдзæн уый.

Адæмы бынативды  контрол æмæ сæ æнæниздзинады  уавæр басгæрсты нысанæн,  гоймæгты  бынативды  контролы æмæ  уæлрадон уавæры  фæкарзгонд  домæнты  æмæ  ацы домæнты  сæххæсты  нысанæн, афтæдæр  фыццагон  термоскринингы  нысанæн сырæздзæн  контролон пункттæ – г. Тбилисы, г. Батумы, г. Кутаисы, г. Руставы, г. Поты, г.Зугдиды, æмæ г.Гуры.  Ацы горæтты  администрацион арæнты сконтрол кæныны нысанæн, ацы мадзæлттæ  æххæст  кæндзысты, мидхъуыддæгты министрады тыхтæ æмæ  хъахъхъæнынады министрады æмбæлгæ  уагдæттæ.

Сегасдæр нысаниуæгджын  пункт –  кæцыфæнды æмбæстагмæ, цыфæнды афон, горæты  змæлды рæстæджы, йемæ хъуамæ  уа   гоймагы бæлвырдгæнæн æвдисæнгæххæт», – райхъусын кодта  Гуырдзыстоны премьер-министр.