Цы домæнтæ хъахъхъæнгæйæ кусдзысты  абонæй  хæлцадон объекттæ, базартæ æмæ  моллтæ -  уыдæтты тыххæй райхæлдта куысты инспекцийы департамент
Цы домæнтæ хъахъхъæнгæйæ кусдзысты абонæй хæлцадон объекттæ, базартæ æмæ моллтæ - уыдæтты тыххæй райхæлдта куысты инспекцийы департамент

Гуырдзыстоны абонæй   кусын сног кодтой  гом  тыгъдад  кæцы  хæлцадон объекттæн ис,  уыдон. Афтæдæр байгом сты  алы типы  базарадон объекттæ, базартæ æмæ моллтæ.

«Куыд æй зонут, афтæмæй   байгом сты   гом типы  ресторантæ, базартæ, моллтæ. Уыдонæн  æнæнизхъахъхъæды министрады  куысты  инспекцийæ бæрæг сты  æнæмæнгхъæугæ   домæнтæ,  кæцыть  хъуамæ æххæст кæной. Ресторанты тыххæй куы зæгъæм,  арæнæвæрд  кæны  уй, æмæ  фынгты æхсæн   хъуамæ  уа   дыууæ метры  бæрц  дистанци, бандæтты  чъылдымтæ та  кæрæдзийæ  хъуамæ  лæууой  1  метры дистанцийыл. Нысаниуæгджын у, цæмæй иу  фынгыл æхсæз адæймагæй  фылдæр ма хъуамæ  бада. Афтæдæр  бæрæг сты  домæнтæ  цæлгæнæнмæ гæсгæ.  Спеицалон   дезинфекцион  фæрæзтæ  сты æнæмæнгхъæугæ.  Моллты  тыххæй  куы зæгъæм, уæд   уый тыххæй  цæмæй   æхгæд тыгъдад у, уым  архайынц  вентилляцийы  специалон домæнтæ.  Хъуамææ  уа  сыгъдæг,  æддæйæ æрбайсгæ  уæлдæф, бæлвырд 40  процентæй  фылдæр.  Базарты та, хъуамæ уа  иумæйаг бацæуæн  æмæ   рацæуæн, æмæ ххæст хъуамæ  цæуа термоскрининг.  Афтæма, æнæмæнгхъæугæ у  тæрхæгыл  арызт уа   барьертæ,   кæцы  фæкаддæр кæндзæн   контакт», –  банысан кодта   Бека Перадзе.