Цхинвалы изоляторæй  ссæрибаргонд Гиорги Харазишвили  хъусын кæны,  цæмæй  оккупантты ахст  фондз æвзонгы, сæхи дзæбæх  хатынц
Цхинвалы изоляторæй ссæрибаргонд Гиорги Харазишвили хъусын кæны, цæмæй оккупантты ахст фондз æвзонгы, сæхи дзæбæх хатынц

Оккупацион режимы  минæвæртты  Чъвринисы хъæуæй  скъæфт   æмæ абон ссæрибаргонд  62 аздзыд   Гиорги Харазишвили  дзуры, цæмæй  Цхинвалы   изоляторæй  ссæрибар ис  ивар бафидыны фæстæ.  Уый Фыццаг Къаналæн куыд фехъусын кодта  афтæмæй,  а.х.  арæн сæттыны  тыххæй бæлвырдгонд  2000  рублы  йæ хæтæджытæ  бафыстой,  кæцытæ оккупацигонд территорийыл цæрынц.

Фыццаг Къаналимæ  ныхасы рæстæджы  Гиорги Харазишвили  банысан кодта,  цæмæй  Цхинвалы   изоляторы  бадыны рæстæджы, Тырсы комы  цы  фондз æвзонг фæдзæгъæл ис æмæ кæцыты    оккупанттæ æрцахстой,  уыдон тыххæй  дæр  зоны  зæгъгæ.

«Æртæ  лæппу сты æмæ дыууæ  чызг. Хицæн камерæты  бадтыстæм.  Кыыд фехъуыстон  афтæмæй,   сæхи дзæбæх хатынц. Загътой  цæмæй  сæ  хæхты  æрцахстой, куы фæдзæгъæл сты  уæд» – банысан кодта  Гиорги Харазишвили.

Оккупацион  режимы æрдгæй  , а.х.  арæн сæттыны  аххосæй ахст  фондз  уæнгы ссæрибар кæнын плангонд райсоммæ.