Чи сты ног  губернатортæ [фото]
Чи сты ног губернатортæ [фото]

Гуырдзыстоны авд регионæн   ис  ног губернатор.  Ног паддзахадон æвджидонты  премьер-министр   Мамука Бахтадзе  абон   хицауады  администрацийы  бавдыста.

Самегрело-Уæллаг Сванеты  регионы  паддзахадон  æвджидон – гнубернаторы  постыл,  снысан ис Александре Моцъерелиа.

Мамука Бахтадзейы  фидиуæнæй,   Александре Моцъерелиа,  хъæууон хæдзарады  къабазы иттæг цымидисон проекты сæххæстæй  фæлтæрд у  зæгъгæ.

«Куыд æй зонут  афтæмæй,  махæн нæ иуæй-иу  сæйраг нысан у  регионты  экономикæйы  инклюзивон  рæзынад æмæ  уырнæг  дæн,  аы хъуыддаджы Александре  Моцъерелиа бахъом  уыдзæн  йæ хайбавæрд скæнын»  – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Гуриайы  регионы   губернаторæй  снысан ис Зураб  Насариа. Премьер-министры  ныхæстæм гæсгæ,   уый зæгъгæ у  биррдыгæй  фæлтæрд  æхсæнадон  къордтимæ  ахастыты фарстаты.

«Уырны мæ  Зураб  алцыппæт сараздзæн, цæмй  не  мбæстæгты  цард Гуриайы   хуыздæры æрдæм  аива.  Зонут æй,  цæмæй  тынг нысаниуæгджын  проектытæ сæххæст кæндзыстæм  ацы регионы  æмæ уырнæг  дæн,  ацы проекты  реализацийы  фæстиуæгæн   фендзыстæм  егъауактивон  экономикон  цард Гуриайы» – банысан кодта  Мамука Бахтадзе.

Самцхе-Джавахеты  губернаторæй  снысан ис Бесик  Амиранашвили. Уый  абоны онг  ахста мидхъуыддæгты  министрады Имереты, рачъа-Лечхумы æмæ Дæллаг Сванеты  департаменты директоры  пост.

 «Æнтыстытæ  арфæ кæнын  Бесик Амиранашилийæн  иттæг  нысаниуæгджын хъуыддаджы» – райхъусын кодта  премьер-министр.

Мцхета-Мтианеты  губернаторæй  снысан ис  Шалва Къереселидзе. Уæдмæ та уый  къухдариуæгад кодта  æрдзы хъахъхъæды  æмæ  хъæууон хæдзарады  министрады  регионтимæ  ахастыты  департаментæн.

«Уый  Душеты гуырд у  æмæ  дзæбæх зоны  регионы  спецификæ æмæ  йæ проблемæтæ. Ис йæм  стыр фæлтæрддзинад  бынæттон хæдуынаффæйы   оргæнтимæ   ахастыты  фарстатйы. Абоны онг  разамынд кодта æрдзы хъахъъæды æмæ хъæууон хæдзарады  министрады  регионтимæ ахастыты  департаментæн. Ис йæм конкретон  цæстæнгас,  кæуыд гæнæн ис  уæлæмхас  инклюзивон  рæзынад бахæссæм  ацы   аив  регионмæ» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Дæллаг Картлийы  регионы  æвджидоны  постыл  снысан ис  Шота Рехвиашвили.  Уый  ахста   оккупацигонд территоритæй тыхбын бынативгæ уæнгты  цæрæнуатты  ахæлиуы æмæ  лигъдæтты министры  хæдивæгы пост.

«Шота Рехвиашвили  тынг фæлтæрд у  барадхъахъхъæды  сферæйы.  Уырны мæ  уый йæ тыхтыл нæ бацауæрддзæн  цæмæй  Дæллаг Картлийы   арызт æрцæуа  конкретон къахдзæфтæ  регионы размæцыд  æмæ  райтынгы тыххæй» –  райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

 

Мидæг Картлийы  губернаторæй  снысан ис  Гиорги Ходжеванишвили.

«Гиорги Ходжеванишвили, æздæхы паддзахадон  структурæтæм  хицæн секторæй.  Уый  абоны онг   ахста   пост  компани  «Магтикомы»  Ис йæм æхсæнадæмон  æмæ  бынæттон æнæхицауадон организацитимæ  ахастыты  иттæг  нысаниуæгджын  фæлтæрддзинад. Уыйимæ иумæ,   уыд Венецийы  камисы  минæвар  паддзахадон конституцион  камисы» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Имереты  губернаторæй  снысан ис  Шавлег Тъабатъадзе.

«Шавлег Тъабатъадзе  у генералон штабы  сурзæххон æфсæдды  Скæсæны  сæрдар. Уый  иуæй-иу   сгуыхт æфсæддон у.  Фæнды мæ  дзыллæйæн  зæгъын,  цæмæй  фæстаг  дыууæ азы   дæргъы къухдариуæгд кодта  гуырдзиаг фарсæй  иттæгнысаниуæгджын  ахуыртæн,  мæ хъуыдыйы  дарын Noble Partner.  Хайад иста Гуырдзыстоны  сабырадон  мисситы  æмæ   у  иуæй-иу  сеппæтæй  æнтыстджын æфсæддон  ацы  æрдгæй.  Стыр хайбавæрды хицау  у æхсæнадæмон  æдасдзинады  фæфидары  хъуыддаджы  æмæ  сæрмагондæй йæхи авторитет, æфсæддæтты æхсæн дæр тынг  бæрзонд у.  Сæрмагондæй   мын цин у,  ахæм ивгъуыд кæмæн ис  уыцы  адæймагы  бæрны куы  бакæндзыстæм тынг  ахсджиаг  хъуыддаг,  цахæмдæр у  нæ  бæстæйы  иуæй-иу  сеппæтæй   рæсугъддæр  регионæн  къухдариуæг кæнын» –  райхъусын кодта премьер-министр.

 

Авд регионæй,   фондз губернатор  сæ  постæй,  цæугæ  азы  26  июлы  ссæрибар сты.  Имеретæн  та,   губернатор уы фæстæ  нал уыд,  раздæры  паддзахадон æвджидон   Гиви  Чъичъинадзе, Гуырдзыстоны  парламенты  Ванийы æмæ   Хонийы   мажоритар  депутатæй   куы ыссис. Гуриайы   губернатор та,  йæ  куыстуæгхды  фæдыл,   абон социалон хызаг  «Фейсбукы»  фарсыл  ныффыста.

Æндæр регионты та,   сæ постытыл куыст адарддæр кæндзысты – Кахеты   губернато р Ираклий  Кадагишвили,  æмæ Рачъа –Лечхум- Дæллаг Сванеты  губернатор  Арчил Джапаридзе.