Чи рахæцыд йæ фарсыл Евросоветы парламентон ассамблеамæ Уæрæсейы æрыздæхтæн
Чи рахæцыд йæ фарсыл Евросоветы парламентон ассамблеамæ Уæрæсейы æрыздæхтæн

Чи рахæцыд йæ фарсыл Евросоветы парламентон ассамблеамæ Уæрæсейы æрыздæхтæн

Æхсæв æрæгмæ, фарастсахатон дебатты æмæ бакасты фæстæ, Евросоветы парламентон ассамблея сбæлвырд кодта резолюци, кæцымæ гæсгæ Уæрæсейы делегаци организацимæ æрыздæхты фадат уыд лæвæрд.

Резолюцийы текстмæ гæсгæ, ассамблеайы æмæ йæ органты уæнгты хъæлæсы лæвæрд, ныхас æмæ бæрнонады бартæ ма хъуамæ æрцæуой урæд. Документ «Евросоветы парламентон ассамблеайы барты æмæ хъæлæс лæвæрды фæдыл æскъуыддзаг райсты процессы фæтыхджын кæнын». Документы автор регламенты комитеты къухдариуæг, бельгийаг социалист депутат Петра де Сутер у.

Резолюцийæн йæ фарслыд рахæцыдысты – Франц, Итали, Австри, Азербайджан, Кипр, Испани, Исланди, Ирланди, Норвеги, Португали, Серби, Сан Марино æмæ Туркы делегаттæ.

Документы ныхмæ рацыдысты Гуырдзыстон, Украинæ, Польшæ, Лиетувæ, Латви, Стыр Британи, Швеци æмæ Эстонийы делегацитæ.