«Челси» Эдинсон Каванийы тыххæй  50 милуан фунт бафидын  хъавы
«Челси» Эдинсон Каванийы тыххæй 50 милуан фунт бафидын хъавы

Лондоны «Челси» размæбырст фæтыхджындæр кæнын  архайы. Цалдæр боны размæ, Маурицио Саррийы фæлтæрд къорд  «Дортмунды» 20  аздзыд  америкаг   Кристиан Пулишичы  тыххæй  60 милуан фунт стерлинг   бафыста.

Sunday Express куыд фыссы афтæмæй,   ныр  æрцыд Эдинсон Каанийы рад.  31  аздзыд   уругвайаг футболисты тыххæй   лондонæгтæ  50 милуан фунты бафидын хъавынц, фæлæ  уымæ  гæсгæ  «Пари-Сен-Жермены»  позици нырма бæрæг нæу.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй  а3цы  азы  сезоны дæргъы, хъазынæн  рæстæг цух  кæй  уыд  уый  тыххæй  Каванийы мæстыдзинады  фæдыл  æнæ иу хатт ныффыстæуыд. ЦÆугæ  сезоны  форвард  Францы  Чемпионаты   11  матчы ахъазыд æмæ 10 къæмы баппæрста.